Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХИЦÆН КАДДЖЫТÆ. НАРТЫ САУ РУВАСДЗАРМ



ХИЦÆН КАДДЖЫТÆ

НАРТЫ САУ РУВАСДЗАРМ

Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан цуаны рацыдысты. Ацæ сæ хæрæфырт уыди, æмæ йæ семæ скъæрæг ракодтой. Саубон-изæрмæ æртæ æфсымæрæй куы иу бабады рындзыл, куы иннæ. Изæрырдæм куы уыдис, уæд та Ацæ раскъæрдта рувас.

Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц æмæхст фæкодтой, æмæ рувас расхъиудта æмæ фæтымбыл ис.

Иу иннæмæ дзуры: æз æй амардтон; иннæ дæр зæгъы: æз æй амардтон. Уæд сын Сослан загъта:

— Ныр сымах дзурдзыстут, æз æй амардтон, æз æй амардтон, зæгъгæ, кæд, мыййаг, æхсгæ дæр нæ фæкодтат, уæддæр!

Æмæ йын Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц:

— Ау, æмæ нæ фæттæ бæрæг нæ уыдзысты?!

— Мæнæн нæ фыдæлты джиппы уагъд уыд, — загъта сын дзуаппæн Сослан.

— Мæнæн та мæхи къухæй конд уыди, мæ уырзтæй кæй фæцарæзтон, ахæм, — зæгъы Уырызмæг.

— Æз та Сафайы цур бадтæн æмæ кастæн, æфсæйнæгтæ куыд лыгтæ кодта, уымæ. Æфсæйнæгтæн сæ кæрæттæй скæнын кодтон мæхицæн фат, — зæгъы Хæмыц.

Ссыдысты рувасмæ, басыгътой йын йæ царм æмæ йæм æркастысты: Уырызмæджы фат ын йæ бæрзæй асаста, Хæмыцы фат йæ син, Сосланы фат та йын асаста йæ астæу.

Хæмыц загъта:

— Æз, хъох-дæндаг Хæмыц, Нартæн æмбисонд дæн æмæ ацы рувасдзармæй кæрц скæнын мæныл æмбæлы.

Сослан загъта:

— Ау, æмæ уæд Нарты Сосланыл цæуылнæ æмбæлы?

Уырызмæг загъта:

— Мæныл æмбæлы.

Афтæ нæ фидыдтой æртæ ’фсымæры æмæ кæрæдзимæ бауырдыг сты.

Ацæ зæгъы йæхинымæры: «Хуыцау мæ бабын кодта, — мæ мадыфсымæртæ фыдбылызы хауынц».

Куы сын старсти, уæд фæхъæддых кодта йæхи æмæ сæм дзуры:

— Уæ кæстæр дæн, фæлæ уæм уæндын. Цæй, æмæ афтæ бакæнут: æмбисæндтæ ’рхæссут, æмæ уæ кæй æмбисонд хуыздæр уа, рувасдзарм уый фæуæд.

Сразы сты æфсымæртæ æмæ фæрсынц Ацæйы:

— Æмæ кæстæрæй райдайæм æви хистæрæй?

Уый сын загъта:

— Раздæр астæуккаг радзурæд, стæй кæстæр, уый фæстæ та хистæр.

Æмæ Хæмыц райдыдта дзурын:

— Æз æмбисæндтæ федтон, диссæгтæ федтон — се ’ппæт нæ фæдзурдзынæн. Ахар-калачы кæфтæ ’лхæнынмæ уыдтæн ме ’мцег лæппуимæ, æмæ иу ран иу суадонмæ æрцыдыстæм. Лæппумæ дзурын: «Æз иу чысыл ахуыссон, ды уæрдонæй иу хус кæсаг райс æмæ йæ доны ахуылыдз кæн, æмæ куы бафæлмæн уа, уæд мæ-йу сыхъал кæн, — исты ахæрæм æмæ нæ фæндаг дарæм дарддæр». Уыйадыл æз афынæй дæн. Лæппу кæсаг райста æмæ йæ доны æрæвæрдта. Уадидæгæн мæ фехъал кодта: «Хæмыц, кæсаг суадоны ныцъцъыллинг ласта æмæ афардæг ис».

«Бахордтай йæ, æмæ дын хæлар уæд, — искуы ма хус кæсаг ныцъцъыллинг ласы?» — æндæр ын цы загътаин.

Хуыцауæй, зæххæй ард хæры лæппу, кæй йын алыгъди, ууыл.

Æгæр хъæддых мæм куы ныллæууыд, уæд ын æз зæгъын: «Ды лæппу куы дæ, уæд кæмæй хынджылæг кæныс?» Фæмæсты дæн æмæ йæ кардæй ныцъцъыкк ластон æмæ йæ дыууæ дихы фæкодтон.

Лæппу фæмард ис уыцы ран. Æз кæуын, дзыназын: «Мæ кæстæры мæ гуыбыны фыдæй амардтон. Ныр ма Нартмæ цы цæсгомæй ныццæудзынæн, мæ дзыллæмæ, мæ хъæумæ ма цы цæсгом равдисдзынæн? Йарæби, уæдæ, куы бавзарин æз дæр». Æмæ йæ доны цæвæрдтон... Йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ дзыхъхъынногæй рауад лæппу донæй. «Цымæ ма абонæй фæстæмæ æз хуыцауæй дзæбæхдзинад бацагурдзынæн: ай мын æгъгъæд хорздзинад нæу?!» — загътон мæхицæн. Фырцинæй нæ хæдзармæ заргæ-заргæ, худгæ-худгæ æрфардæг стæм. Æз уымæй æмбисонддæр ницы федтон, — загъта Хæмыц.

— Йа, Сослан, ныр дæ рад у, — дзуры йæм Ацæ.

— Æз дæр æмбисæндтæ куыннæ федтон, диссæгтæ куыннæ федтон, фæлæ се ’ппæт кæм фæдзурдзынæн. Æз дæр иу кæстæримæ Зилахары быдыры цуаны уыдтæн, æмæ иу сæгуыт амардтам. Иу обауы рæбынмæ æрбацыдыстæм, — æрбахастам æй уырдæм. Уæхстыл дзы физонæг бакодтам. Лæппуйæн загътон: «Æз иу чысыл ахуыссон, ды арт бацырын кæ, физонæг куы бацæттæ уа, уæд мæ-иу райхъал кæн — исты ахæрæм æмæ нæ фæндагыл цæуæм дарддæр».

Уалынмæ мæ лæппу сыхъал кодта. «Сæгуыт райгас и, — физонæг дæр артыл нал ис, æмæ фæлидзы», — загъта лæппу.

«Лæппу, физонæг, æвæццæгæн, хæргæ бакодтай, сæгуытæн йе ’ннæ та искæмæн радтай — ам фæндагыл цæуджытæй фылдæр цы ис, — уыййеддæмæ уый та цы ныхас у!» — зæгъын лæппуйæн.

«Хуыцау æмæ зæхх ме ’вдисæн, ницы бахордтон, ницы федтон, искæмæн дæр ницы радтон, алыгъди мын», — дзуры лæппу.

Ууыл æз фæмæсты дæн æмæ кард фелвæстон æмæ йæ ныцъцъыкк ластон æмæ йæ дыууæ фæкодтон хынджылæг мæ кæныс, зæгъгæ.

Лæппу уым фæмард и. Кæуын байдыдтон, æрдиаг, сагъæс, мæ гуыбыны фыдæй мæ кæстæры амардтон, зæгъгæ.

Цымæ æцæг уыдаид, зæгъгæ, лæппуйы систон æмæ йæ уæхстыл бакодтон, куыд алыгъдаид, уый фæлваргæйæ. Арт бацырындæр кодтон æмæ лæппуйы уæхстыл артмæ дарын... Йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ дзыхъхъынногæй рауади æмæ мæнæй рахъаст кодта: «Цæмæн мæ райгас кодтай, æз мæрдты бæсты дæ усимæ симдтон, æмæ мæ нæ бауагътай».

Уымæ байхъусгæйæ, æз дæр кард мæ зæрдæсæры фæцавтон æмæ амардтæн. Кæсын, æмæ æцæг мæрдты бæсты симынц. Æз дæр мæ усы цонгыл ныххæцыдтæн æмæ симын. Барастыры раз бадджытæ Барастырмæ дзурынц: «Уый Нарты Сослан куы у, уæд ам цы ми кæны?» — «Уый йæ усы феныны тыххæй йæхи амардта æмæ нæм афтæмæй æрбацыди», — загъта Барастыр. Мæ усимæ æрцыдтæн мæрдтæй, фырт мын райгуырд, æмæ мæ ацы рувасдзарм хъæуы мæ фыртæн худæн.. Гъендæр хуыздæр æмбисонд æз ницы зонын, мæ хæрæфырт Ацæ, — фæци дзырд Сослан.

— Йа, Уырызмæг, ныр та дæ рад у, — загъта Ацæ.

Æмæ райдыдта Уырызмæг дзурын:

— Æз дæр Нæртон лæг дæн. Æмбисæндтæ мæм бирæ ис, диссæгтæ мæм бирæ ис, фæлæ уыдон кæм фæдзурдзынæн æз сегас. Уыдтæн æрæгвæззæджы Зилахары быдыры цуаны; мигъ мыл ныббадти, сау мæйдар мыл скодта, кæдæм ацыдаин, уымæн ницыуал бæрæг уыди. Æххормаг, дойныйæ мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Хуыцау мæ иу хæмпæлмæ бахаста, иу фыййæутты хъæууатмæ. «Гъей-джиди, ам кæрт исты куы уаид, уæд мидæгæй схуыссин фидардæры тыххæй», — загътон мæхинымæры.

Уыцы ныхас куы скодтон, уæд дын кæсын, æмæ мæнæ иу кау. Кауы мидæгæй фæзынди дуар: «Уæдæ мидæгæй куы схуыссин, уæд мын æдасдæр уаид», — зæгъгæ, мидæмæ бацыдтæн. Кæсын — диссаджы агъуыстытæ. Чысыл мæ зæрдæ фæфидар ис.

«Гъей-джиди, ныр исты бахæр!» Уыцы ныхас куы скодтон, уæд фынг мæ размæ рацыди, дуне хæрд, нозт йæ уæлæ, афтæмæй. Мæ зæрдæ мæнæ гæркъæраджы зæрдæйы хуызæн срухс и, мæхи куы бафсæстон, уæд. «Гъеныр мæ ницыуал хъæуы, бафсæстæн». Æркъул кодтон нозтджынæй, хæрдджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд бæстæ ныррухс и.

Кæйдæр хæдзар басыгъди, зæгъгæ, фæтарстæн. Уалынджы дзурын фехъуыстон: «Ма тæрс, Нæртон лæг, уый мæ къах разынди».

«Ай цы диссаг у, — йæ къах уыцы æрттывд кæмæн кæны, уый йæхæдæг цавæр у?!» Уæндгæ дæр нал кодтон. Уалынмæ та ноджыдæр ныррухс и. Рахъил кодтон, хæдзар басыгъди, зæгъгæ.

«Ма тæрс, Нæртон лæг, уый мæ къух разынди».

«Ай адæймаджы хъæлæс у, фæлæ уыцы рухс чи кæны, уый уагæры цавæр у?!»

Æртыккаг хатт та ноджы тынгдæр ныррухс ис. Рахъил кодтон æмæ дис кæнын. Иннæ уатæй та мæм æрбайхъуысти дзурын: «Ма тæрс, Нæртон лæг, мæ дзыкку азынди».

«Гъæ, Уырызмæг дын куыд амард, — мæ хуыссæны рабадтæн, — ай цы у, уый куы нæ базонон!»

Ус мæм дзуры: «Цы кæныс, Уырызмæг? Цы дæ хъуыди хæрдæй, нозтæй, уыдон дæ хъуыры куы ацыдысты, уæд æнцад цæуылнæ хуыссыс дæ бынаты, уæлдай митæ цæмæн агурыс?»

«Ай мæ йæхиуыл ардауы», — загътон мæхинымæры. Сыстадтæн æмæ йæм фæцæуын.

«Курын дæ, æмæ мæм хæстæг ма ’рбацу, хуыздæр дын нæ уыдзæн», — дзуры мæм ус.

Бын бауа нозтджын лæг... Уæддæр мæ мæ хæрд æмæ мæ нозт батардтой. Бацыдтæн æм. Уый мæ нымæтын ехсæй æрцæфтæ кодта, æмæ хæрæг фестадтæн. Цалдæр азы мæ иу лæгмæ кусынмæ радта. Ме рагъ схаудта, фæхуынчъытæ сты мæ фæрстæ. Уымæй куы рацыдтæн, уæд та мæ ныццавта нымæтын ехсæй, æмæ ефс фестадтæн æмæ та цалдæр азы ефсæй фæцыдтæн.

Стæй та мæ ныццавта, æмæ куыдз фестадтæн. Куыдз куы фестадтæн, уæд дунейыл мæ кой айхъуыст — уыцы усмæ ахæм хорз куыдз ис, зæгъгæ. Уæд иу æлдарæн йæ фосыл хины сырдтæ сагъуыдысты. Æлдар уыцы усмæ æрцыди: «Курын, æмæ мын дæ куыдз радт — дунейыл йæ кой кæмæн айхъуысти, — кæд мын иу æхсæв мæ фосы бахъахъхъæнид».

«Нæ ратдзынæн, мæнæн мæ куыдз буц даринаг у».

«Æмæ бирæгътæ кæй ныццæгъдынц мæ фосæй иу æхсæв, уымæй йæ фылдæр хъæуы?» Æмæ мæ радта.

Аласта мæ æмæ мæ йæ фыййæуттæм скодта. Æлдар ногусджын уыди, æмæ загъта йæ фыййæуттæн: «Ацы куыдзмæ-иу хорз базилут, æз нæ хæдзармæ цæуын».

Адзæхст ласта æлдар йæ хæдзармæ, йæ хъал бæхыл сбадт, афтæмæй.

«Дарæг дзы ма баззайæд дæ куыдзæй, кæд ма уый хъуаг нæ уыдыстæм; бирæгътæ куы ’рбацæуой, уæд дзы мах фос куы нæ къаддæр кæндзысты», — загътой фыййæуттæ æмæ мын ницы радтой.

Æмбисæхсæв куы ныллæууыди, уæд дыууадæс бирæгъы нынниудтой: «Уæ Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм!»

Æз дæр нынниудтон: «Æз уæм мæ сæр дæр не схъил кæндзынæн, — уæ фæндон уæ бар!»

Уыдон дыууадæсæй дæр æрбацыдысты; боны цъæхмæ сын цы ’нтысти, уымæй нæ бацауæрстой цæгъдыныл.

Райсом æлдар йæ хъал бæхыл схæццæ ис.

«Цы фестут, исты бахъахъхъæдта?» — бафарста фыййæутты.

«Мæнæ-ма æрбакæс — фос æмбис фæкодтой бирæгътæ», — загътой фыййæуттæ.

Æрцахстой мæ, нæмын мæ байдыдтой, чи мæм куыд æххæст, афтæ. Æлдар мæ аласта мæ хицаумæ нæмгæ-нæмгæ, — уый бæхыл, æз бæхы фарсмæ.

«Цы фæдæ? — фæрсы ус, — ницы дын бахъахъхъæдта?»

«Æнæдарæг дын фæуæд, — мæ фос мын æмбис фæкодтой бирæгътæ дысон».

«Хуыцау дын ма ныббарæд! Хорз æй нæ федтай, æндæра, ацы куыдзмæ цы хъарутæ ис, уый æз, хъæлæкк, зонын», — загъта ус.

Иу æндæр æлдар та курæг æрцыди усмæ. «Дæ куыдз мын радт, — мæ фосыл мын хины сырдтæ сагъуыдысты».

«Нæ ратдзынæн, ибон дæр ма мын æй иу æлдар нæмгæ-нæмгæ æрласта, мæ фос мын нæ бахъахъхъæдта, зæгъгæ».

«Уый иу мыггагæй у, æз — æндæр мыггагæй. Уый уыцы æлдар у, æз та æндæр æлдар дæн: мæн ууыл ма нымай».

Ус ын ницыуал загъта. Æлдар зæлдаг бæндæн йæ дзыппæй систа æмæ мын æй мæ хъуырыл бафтыдта æмæ мæ уыцы хуызæнæй йæ фосмæ аласта.

Æххуырстытæм дзуры: «Тагъд, нæл фыстæй стырдæр чи у, уый раласут!»

Бурæ нæл фыс раластой.

«Тагъд æй аргæвдут æмæ йæ сфыцут!»

Уайтагъд æй аргæвстой æмæ йæ сфыхтой фыййæуттæ.

Фыдтæ мын дыдзы хъармæй дæттынц, фæлмæнæй фæлмæнмæ.

«Сæгътыл разилут æмæ йын æхсыр йæ басыл ныккæнут!» Æмæ мын мæ басыл æхсыр ныккæнын кодта.

Хорз мæ федтой — дзидзайæ, басæй.

Æлдар мын йæ фæсарц гауыз бабаста, йæ хæдзарæй куы раст кодтам, уæд, — фысты кæрон мын æй æрытыдта. Йæхæдæг дæр уым ныллæууыди фосимæ.

Гауыз мын куы ’рытыдта, уæд ыл æрхуыссыдтæн æмæ мæ дыууæ раззаг къахы кæрæдзиуыл дзуарæвæрд æркодтон æмæ сыл мæ сæр æруагътон.

Æлдар дæр бафынæй ис, фыййæуттæ дæр бафынæй сты. Æмбисæхсæв ныллæууыд, афтæ та уыцы дыууадæс бирæгъы нынниудтой: «Уæ Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм!»

Æз нынниудтон: «Мæнмæ уын фос нæй, дзæгъæл цыд ма ракæнут!»

Дыккаг хатт нынниудтой: «Фæцæуæм дæм, Уырызмæг!»

Æз нынниудтон: «Дзæгъæл цыд ма ’рбакæнут, мæнмæ уын фос нæй!»

Æртыккаг хатт нынниудтой: «Дæ фыдæх нæ уæд, Уырызмæг! Ды — иу, мах — дыууадæс!»

«Рацæут, рацæут!» — дзурын сæм æз дæр.

Æрбацыдысты æмæ, — гъæйдæ-гъа! — алырдыгæй лæбурынц, суанг боны цъæхмæ.

Æз сæ фыстæй иумæ дæр не ’рбауагътон, афтæмæй сæ дыууадæсæй дæр кæрæдзиуыл самадтон — дыууадæсы дæр амардтон. Уалынмæ æлдар æмæ фыййæуттæ райхъал сты. Сбон и.

«Хуыцау нæ фесæфта, ай нæ фыстæ цæй чысыл баисты?!» — уый фыстæ кæрæдзиуыл бакъорд сты, æхсæвы сæ дыууадæс бирæгъы куы суылæнтæ кодтой алырдыгæй, уæд.

Ранымай-банымай кæнынц, æмæ фыстæ бæрæг, æнæхъæн: иу сæныччы хъус дæр сæ нæ фæхъуыд. Фысты кæронмæ æрцыдысты, æмæ — дыууадæс бирæгъы кæрæдзиуыл амад. Æлдар мæ йæ хъæбысы ныккодта.

«Ацы бирæгътæ канд мæнæн нæ, фæлæ ма искæмæн дæр уыдысты фыдбылыз. Ацы дзæбæхтæ æз ацы куыдзæн цæмæй бафиддзынæн! Ацæут, — дзуры фыййæуттæм, — æмæ нæл фыстæй стырдæр чи у, уый раласут!»

Нæл фысыл дæр, стæй мæныл дæр зæлдаг бæндæнтæ бабаста æлдар æмæ нæ усмæ æрласта.

— Йе мæнæ ус! Ацы хорздзинад дын никуы ферох кæндзынæн, цалынмæ дуне дуне уа, уалынмæ, фæлæ уал дын мæнæ ацы нæл фыс — мæ лæвар.

Æлдар афардæг ис йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид.

Цуанæттæ та æрбацыди усмæ: «Дæ куыдз нын радт, — дунейыл йæ кой куы айхъуыст, — уæлæ хъæды иу урс арс и, æмæ нын ратæрын дæр нæ комы, марынмæ дæр æм нæ арæхсæм, æмæ нын æй кæд дæ куыдз ратæрид».

«Мæ куыдз буц даринаг у, æмæ йæ буц куынæ бадарат, уæд уын ницы бакæндзæн».

«Ау, æмæ мах уый фаг куыннæ ссардзыстæм? Цалынмæ уыцы арсмæ цæуæм, уæдмæ дæр исты амардзыстæм, уæдæ ма цуанæттæ цæмæй стæм!»

Радта мæ. Акодтой мæ. Арс кæм уыд, уырдæм куы сæввахс стæм, уæд мæ феуæгъд кодтой. Арс лидзынмæ фæци, урс арс. Уæлæ хохмæ йæхи сарæзта. Хохмæ куы схæццæ ис, уæд æрбадти йæ фæстагыл. Уалынмæ йæ æз дæр сæййæфтон, æмæ мæм дзуры арс: «Мæнæ ма мæ фарсмæ сбад. Æз арс нæ дæн, æз Æфсати дæн, æмæ дын дæ хъуыддæгтæ куы бамбæрстон, уæд арсы хуызы бацыдтæн. Бæхæй цы фыдбылызтæ федтай, хæрæгæй, уыдон мæ зæрдыл, хъæлæкк, лæууынц, фæлæ мæн дæр кæм æвдæлы. Ныр уадз, æмæ цуанæттæ цуан кæной, ды цæугæ дæ хæдзармæ æмæ дæхи срынчын кæн. Ус дын алы хæринаг дæтдзæн, фæлæ-иу дæхи ауадз, дæ дзыхмæ-иу комдзаг мауал ис. „Дарæг дæ ма уæд, — куыдзы къæбыла йеддæмæ ма исты дæ!“ — æмæ дæ сæрты ахиздзæн, уазæгдонмæ ацæудзæн. Йæ нывæрзæн йæ нымæтын ехс, æмæ ус дуарæй куы ахиза, уæд-иу ды нымæтын ехс райс æмæ-иу дзы дæ къахæй дæхи æрсæрф. Æмæ Уырызмæг уыдтæ æмæ Уырызмæг фестдзынæ. Усæн-иу йе ’рбацыдмæ йæ хуыссæны сбад, нымæтын ехс дæ къухы, афтæмæй».

Æфсатийы амындтæ æз иууылдæр сæххæст кодтон. Уырызмæг фестадтæн, нымæтын ехс мæ къухы, афтæмæй усы хуыссæны бадын, æнхъæлмæ кæсын йе ’рбацыдмæ. Уалынмæ мæнæ уазæгдонæй æрбацæуы.

«Гъе, додой мын фæци дæ къона: ныр та ма мын кæй мæрдтæм цæудзынæ, æз дæр мæ фыдæбæттæ райсдзынæн!» — зæгъын мæхинымæры.

Усæй уыцы ран фæхъазыдтæн æхсæв-бонмæ, стæй йæ нымæтын ехсæй æрцавтон, хæрæг фест, зæгъгæ, æмæ ус хæрæг фестад.

Æртардтон æй Нартмæ, æмæ йæ алчидæр зоны сымахæй, — уый у Борæты цъæх хæрæг.

Гъе уый та дын мæ таурæгъ. Уымæй диссагдæр æз ницыма федтон мæ царды, — фæци конд йæ ныхас Уырызмæг.

Ацæ тæрхон кæнын байдыдта æмæ загъта:

— Диссаг куыннæ сты Хæмыцы таурæгъ дæр æмæ Сосланы таурæгъ дæр, фæлæ уыдонæй æмбисонддæр сты Уырызмæджы хъуыддæгтæ, хæрæгæй, бæхæй, куыдзæй чи фæцыди. Ацы рувасдзарм æмбæлы Уырызмæгæн.

Уырызмæг рувасдзармæй йæхицæн кæрц бахуыйын кодта.

Ныр дæр ма ис Уырызмæджы кæрцы кой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.