Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АЦÆМÆЗ. АЦÆМÆЗ ÆМÆ НАСРАН-ÆЛДАР



АЦÆМÆЗ

АЦÆМÆЗ ÆМÆ НАСРАН-ÆЛДАР

Насран-æлдармæ фыццаг æрцыдис хуын, æмæ йæм хуынæн цы ’рцыди? Хуынæн æм æрцыди урс фыры æвзаргæ хъуынæй конд нымæт.

Уый фæстæ та йыл уац сæмбæлдис, дæ усы дын Мысыры æлдар аскъæфта, зæгъгæ.

Насран-æлдар Нартыл фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодта: «Алы хæдзар дæр æфсæддон куыд сцæттæ кæна, афтæ! Æфсæддон цы хæдзар нæ рарвита, уымæн аргæвддзыстæм йæ гал иварæн, йæ артыл ын дон ауадздзыстæм, йæ фæнычы къæрмæг ын дымгæмæ ныддардзыстæм».

Æмæ се ’ппæт дæр срæвдз кодтой æфсæддонтæ Насран-æлдары æфсадæн.

Насран-æлдар кæсы æмæ йе ’фсады æхсæн нæ уыны йæ мадырвадæлтæ — Ацæты мыггагæй æфсæддон.

Ацæтæй мыггаг нал уыдис — Ацæ йæхæдæг зæронд баци, йæ фырт Ацæмæз та ма дзидзидай уыдис.

Æмæ лæппуйæн уыдис дыууæ мады, иу — йæ ныййарæг, иинæ та — йе схæссæг, æмæ йæ авдæны бабастой, йæ фæйнæфарс æрбадтысты æмæ йæ ауызтой: «А-ло-ллай, а-ло-ллай! Сау болат æмæ цъæх болатæй дæ авдæн, уæйыджы рагъдзарм гæрзытæй — дæ авдæнбостæ. Фæлæ нын нæ гал аргæвддзысты иварæн, нæ фæнычы къæрмæг нын дымгæмæ сдардзысты, нæ артыл нын дон ауадздзысты, Насран-æлдарæн йæ рæсугъд усы аскъæфтæуыд, æмæ уый æфсады махæй æфсæддон кæй нæй, уый тыххæй».

Уæд лæппу сдзырдта авдæнæй:

— Æмæ æз ацæудзынæн æфсады.

— Ды нын уый хъом куы уаис, уæд мах кæугæ нæ кæниккам, — дзурынц æм йæ мадæлтæ.

Лæппу йæхи айвæзта авдæны мидæг; авдæнæн йæ иу фарсы фæйнæг раппæрста, æмæ фæйнæг денджызы сæмбæлдис — денджыз хæрз хуыскъ ацис; йе ’ннæ фарсы фæйнæг хъæды сæмбæлдис, æмæ хъæд цъæх арт суагъта; йæ нывæрзæны фæйнæг та Сау хохыл сæмбæлдис, æмæ Сау хох фæлæбырдтытæ ис; йæ дæлфæдты фæйнæг та Урс хохыл сæмбæлдис, æмæ уый дæр фæлæбырдтытæ ис. Лæппу рабадтис æмæ загъта:

— Гъеныр мын бæх æмæ хæцæнгæрзтæ æриут, æмæ асурон æфсæдты æмæ сæ баййафон.

Йæ фыд Ацæмæ ацыдысты æмæ йын загътой:

— Дæ фырт æфсæдтæм цæуы.

— Ау, æмæ уый нырма авдæны куы ис?

— Афтæ æмæ афтæ, авдæн ныппырх кодта æмæ агуры бæх æмæ хæцæнгæрзтæ, — загътой Ацæйæн.

— Уæдæ йæм дæлæ идон радтут, æмæ ацæуæд, обауы сæрæй идон ныттилæд, æмæ йæм бæх æрбацæудзæн, æмæ йыл-иу сбадæд, — загъта Ацæ.

Лæппумæ идон радтой; рахаста йæ, обауы сæрæй йæ ныттылдта, æмæ йæм æрбацыдис хъæмпы рагъы йас бæх. Саргъ сæвæрдта бæхыл, сбадтис ыл, æмæ бæхæн йæ астæу асасти. Бæхы идонæй ныххоста лæппу æмæ загъта:

— Мæ фыд Ацæ куы амæла, уæд хæрæджы тъæнгтæ бахæрæд, кæд ын дæуæй хуыздæр бæх нæ уыдис, уæд!

Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз кæугæ æрбаздæхти сæхимæ.

Ацæйæн фехъусын кодтой æмæ йын загътой:

— Дæ лæппу идон ныттылдта обауы сæрæй, бæх æм æрбацыдис, фæлæ йыл куы абадти, уæд бæхæн йæ астæу асасти; ныр æрбацыдис æмæ зæгъы — кæд, дам, мæ фыдæн уымæй хуыздæр бæх нæ уыди, уæд, афтæ æмæ уфтæ.

— Бæргæ мын ис — мæхи бæх дæлæ ныккæнды бастæй лæууы æмæ æфсæн æрттигътæ хæры; фæлæ уыцы бæхмæ уыцы лæппу нæдæр уæндгæ бакæндзæни, нæдæр æй бæх йæхимæ æвналын бауадздзæни.

Лæппу уый куы фехъуыста, уæд дзуры йæ фыдмæ:

— Æри мын ныккæнды дæгъæлтæ, æз æй бакæнон æмæ дын фенон дæ бæхы.

Ацæ лæппумæ ныккæнды дæгъæлтæ радта. Лæппу бакодта дуар; кæсы, æмæ ма бæхæн йæ дыууæ хъусы зынынц фаджысæй. Февнæлдта йын йæ къахмæ, афтæмæй бæхы дуармæ радавта, сæныччы давд, арыхъ-сапонæй йæ æхсын байдыдта æмæ йæ хæрзæхсад ныккодта, хахиаг хæрх идон ыл бакодта, сæвæрдта йыл бабийаг авд æфтаугæйы æмæ ангусаг фæлыст саргъ æмæ йыл сбадти.

Бæх лæппуйы иу æхст фæкодта уæларвмæ — лæппу хæсты нæмыг фестадис æмæ бæхы дæларм амбæхсти; дыккаг æхст ын фæкодта дæлдзæхмæ — æмæ лæппу саргъæй базы астæу амбæхсти.

Æмæ йæм бæх дзуры:

— Цы фæдæ, лæппу?

— Мæнæ, бадын дæ уæлæ!

Уæд ын бæх загъта:

— Уæдæ мын ды барæгæн сбæздзынæ.

— Ды дæр мын бæх ссарыны агъоммæ цъыфты тæрынæн сбæздзынæ, — зæгъы лæппу.

— Ох, ох, мæ хъару мын æмбис фæкодтай уыцы дзырдтæй, — загъта бæх.

— Æмæ сывæллон æвзалы хæрынæй фылдæр цы кæны, уыцы дзырд дæм хъыг ма фæкæсæд, мæн дæуæй хуыздæр бæх нæ хъæуы, — дзуры бæхмæ лæппу.

Æмæ чысыл Ацæмæз барвыста йæ фыдмæ:

— Дæ бæхыл сбадтæн, æмæ мын ныр дæ хæцæнгæрзтæ дæр радт.

— Куы ницы сæ бакæнай, лæппу?!

— Ды мын сæ радт, стæй мæхæдæг зондзынæн, — загъта лæппу. Зæронд Ацæ йæ чысыл фырт Ацæмæзæн радта йæ фат æмæ йе ’рдын, йе згъæр, йе ’ртæ хъæрццыгъайы, йе ’ртæ егары. Бæхыл сбадти чысыл Ацæмæз æмæ йæ дыууæ мадмæ дзуры:

— Ракæсут-ма мæм, куыд фидауын бæхыл?

— Хæхтыл мæйрухс куы ’рбаныдзæвы, уæд уый куыд фæфидауы, афтæ ды дæр фидауыс бæхыл, — зæгъынц ын йæ дыууæ мады.

— Уæдæ цæуын ныр æз, æмæ мæ фыдæн фехъусын кæнут.

Æмæ фыд лæппумæ басидтис:

— Рацу ныр, æмæ дын бацамонон, куыд цыдæй цæуын хъæуы, уый. Æз-иу куы цыдтæн æфсады, уæд-иу æфсæддонтæн се ’ппæтæн дæр фæйнæ ехсы ахастон; стæй-иу сын артæн авд физонæджы скодтон. Ацу ныр æмæ, æфсæддонтæ цалдæриддæр сты, уал ехсы сын сараз. Куы сæм ныххæццæ уай, уæд сæм дард æрæнцай æмæ, æртытæ куы скæной, уæд сæ банымай æмæ, цал арты скæной, уал арты ды дæр скæн æмæ алы арты фарс дæр авд физонæджы ныссадз, стæй цал барæджы уой, уал бæхбæттæны æрсадз. Цу ныр, æмæ дæ хуыцау фæндараст фæкæнæд!

Лæппу араст ис; йæ фæндаг, цуан кæнгæйæ, тар хъæдыл ракодта; саг уæд, сæгуыт уæд, — кæй ардта, уыдон мардта. Сæ цæрмттæ сын стыгъта æмæ сæ гæрзытæ уагъта, гæрзытæй та ехсытæ быдта. Сбыдта ехсытæ æппæт æфсады фаг. Цал боны, цал азы фæцыди, чи зоны.

Ныццыдис Насран-æлдары æфсæдтæм æмæ сæм дард æрæнцадис. Хæйрæджытæ, уæйгуытæ æмæ зæдтæ дæр уыдысты Насран-æлдары æфсады. Æфсæдтæ лæууыдысты денджызы был: денджызы сæрты ахизын хъуыдис, æмæ сын денджыз фæндаг нæ лæвæрдта. Æфсæддонтæй лæппуйæ чи ацыд, уыдон урсрихи сысты, уыйбæрц рæстæг бафæстиат сты денджызы был.

Ацæйы фырт Ацæмæз æфсадмæ дард куы ’рæнцад, уæд сын банымадта се ’ртытæ, æмæ цал уыдысты, уал арты скодта йæхæдæг дæр.

Насран-æлдар ракасти æмæ загъта:

— Ау, ай цы диссаг у: мах — уæйыгæй, хæйрæгæй, зæдæй, Нæртон адæмæй — куы цæуæм Мысыры бæстæм æмæ нын денджыз фæндаг куы нæ дæтты, уæд ма уæртæ уыцы æфсæдтæ та кæй сты? Ацæут-ма, бабæрæг кæнут, цавæр æфсæдтæ сты уыдон!

Рацыдысты авд барæгæй бæрæг кæнынмæ. Куы ’рбахæццæ сты чысыл Ацæмæзы бынатмæ, уæд æй фæрсынц:

— Цавæр дæ, цы дæ? Иунæг йеддæмæ куы нæ дæ, уæд атæппæт æртытæ цæмæн скодтай?

— Æз дæр уе ’мбал дæн, — загъта сын Ацæмæз.

Барджытæ раздæхтысты æмæ бацыдысты Насран-æлдармæ æмæ йын радзырдтой: «Афтæ æмæ афтæ... иунæг лæг у, æфсад æм нæй; æз дæр уе ’мбал дæн, зæгъгæ, зæгъы».

— Ацæут æмæ йæ ракæнут ардæм!

Барджытæ та ацыдысты æмæ загътой Ацæмæзæн:

— Насран-æлдар дæ хоны.

— Нæ, æз уымæ нæ бацæудзынæн, уый мæнмæ æрбацæуæд, — загъта сын Ацæмæз.

Барджытæ æрбацыдысты фæстæмæ æмæ Насран-æлдарæн рафæзмыдтой Ацæмæзы дзуапп.

Насран-æлдар сыстадис йе ’фсæдтимæ æмæ бацыдис лæппумæ.

Лæппу сын зæгъы:

— Алчидæр уæ йæ бæх æрбæттæд бæхбæттæныл æмæ йæ арты фарсмæ ацæуæд æмæ уым сбадæд.

Артæн авд лæгæй рацыдысты æфсæддонтæ, æмæ æртытæ се ’ппæтæн дæр сфаг сты. Æфсæддонтæй алчидæр йæ физонæг куы бахордта арты фарсмæ, уæд сыл Ацæмæз азылди æмæ сегасæн дæр фæйнæ ехсы радта. Стæй Насран-æлдарæн зæгъы:

— Æвæццæгæн, мæ нæ зоныс — æз дæн Ацæйы фырт Ацæмæз.

Насран-æлдар тынг бацин кодта.

— Ныр дæм цы фæнд ис? Бафæрс-ма де ’фсады: денджызыл сæ фæндаг чи самал кæндзæн? — дзуры лæппу Насран-æлдармæ.

Насран-æлдар зæдтæм бацыдис æмæ сæ фæрсы:

— Сымах нæ самал кæндзыстут фæндаг денджызы сæрты?

Уыдон ын загътой:

— Мах тæхгæ стæм æмæ атæхдзыстæм, фæлæ æнæ адæм ницы бакæндзыстæм схæцынæн.

Басидтис хæйрæджытæм Насран-æлдар:

— Сымах дæр нæ самал кæндзыстут фæндаг денджызы сæрты?

— Мах стæм дæлдзæхдзог æмæ ацæудзыстæм денджызы бынты, фæлæ æнæ адæм ницы бакæндзыстæм схæцынæн.

Уæд уæйгуыты фæрсы:

— Сымах та цы зæгъдзыстут?

— Мах бæргæ ацæуиккам, фæлæ адæм нæ фæстæ куы цæуой, уæд денджыз фæйлаудзæн, æмæ адæм фесæфдзысты.

Уæд Ацæмæз дзуры йæ бæхмæ:

— Мах та цы бакæнæм, цы амал скæндзыстæм денджызы сæрты фæндагæн?

— Цы амал дæ хъæуы? Æртæ цъыччы мын ахæмтæ ныккæн, æмæ дæ къухæй чъепс куыд схауа, æмæ уæд фæфале уыдзыстæм.

Ацæмæз йæ бæхы æртæ цъыччы нылласта. Денджыз ын йæ сæфтæг дæр не схуылыдз кодта бæхæн, афтæмæй фæфале ис. Мысыры бæстæм бахæстæг ис. Барвыста Мысыры æлдармæ, зæгъгæ, дæм Насран-æлдар йе ’фсæдтимæ фæцæуы.

Мысыры æлдар Насран-æлдармæ æрвиты:

— Не ’фсæдты цæмæн цæгъдын кæнæм кæрæдзийæн?! Фæлтау æз æмæ ды кæрæдзимæ бацæуæм лæгæй-лæгмæ, æмæ мæ кæд ды амарай, уæд мæ адæм дæр дæу уыдзысты æмæ мæ бæстæ дæр; кæд дæ æз амарон, уæд та де ’фсæдтæ дæр — мæн, æмæ дæхæдæг дæр.

Ацæмæз Мысыры æлдары ныхас Насран-æлдарыл сæмбæлын кодта.

Насран-æлдар фæтарсти æмæ йæхи бæсты лæг агурын байдыдта. Фыццаг бацыд зæдтæ, хæйрæджытæ æмæ уæйгуытæм æмæ зæгъы:

— Ахæм уæ чи разындзæн, æмæ Мысыры æлдармæ лæгæй-лæгмæ чи бацæуа?

Ничи йæ ныфс бахаста зæдтæ, хæйрæджытæ æмæ уæйгуытæй.

Уæд Нарты æфсæддонтæм басидтис æмæ сæ бафарста:

— Сымах та цы зæгъут?

Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз зæгъы:

— Æз æм ацæудзынæн, фæлæ-иу мын мæ мардæй, ме ’гасæй мæ фыдæн бæрæг куыд зæгъат, афтæ.

Ацæмæз ацыдис Мысыры æлдармæ. Æлдар дæр æм рацыди, æмæ фæхæцыдысты фатæй. Афтæ бирæ фæхæцыдысты, æмæ сæ кæрæдзийы сыхырнайы хуызæн скодтой фæттæй. Куы баизæр ис, уæд ныууагътой сæ хæст. Мысыры æлдар æрдæгмардæй йæ хæдзармæ бахæццæ ис, лæппу та быдыры астæу баззад.

Мысыры æлдар Насран-æлдарæн цы ус аскъæфта, уый ахæм ус уыдис, æмæ-иу æм мæлæг адæймаг удæгасæй куы бахæццæ уыдаид, æмæ-иу ыл ус йæ къухтæ куы асæрфтаид, уæд-иу адæймаг, цы уыди, уый фестад — йæ цæфтæ-иу сдзæбæх сты.

Райсом та куы сбон ис, уæд та хæцынмæ рацыдысты: Мысыры æлдар сдзæбæх кодта йæ цæфтæ, афтæмæй рацыд, лæппу та цæфтæй рацыд, æмæ та байдыдтой хæцын. Куы æризæр ис, уæд та сæ хæцын ныууагътой. Мысыры æлдар та ацыд æрдæгмардæй йæ хæдзармæ, лæппу та уым баззадис.

Тынг сфæлмæцыд Ацæмæз æмæ загъта: «Ныр цы бакæнон? Райсом куы ’рбацæуа, уæд мæ мардзæн!» Æмæ уæд Ацæмæз йæхи марды ’фсон скодта.

Мысыры æлдар райсомæй æрбацыдис æмæ йæм дзуры:

— Уæлæмæ сыст æмæ хæцæм!

Ацæмæз не стæлфыдис.

Мысыры æлдар загъта, уæдæ амард, зæгъгæ, æмæ фæстæмæ йæ хæдзармæ рараст ис. Куы бацыд сæхимæ, уæд æй йæ ус фæрсы:

— Цæй тагъд æрбацыдтæ?

— Кæимæ хæцыдтæн, уый амардтон.

— Æмæ йын йæ мард цы фæкодтай?

— Быдыры астæу æй ныууагътон.

— Тæригъæд у афтæмæй, йæ мард быдыры баззайынæн æвгъау у. Дæуæн-иу дæ буарæй æнæхъæн бынат куынæуал уыд, æз-иу дæ куы нæ сдзæбæх кодтаин, уæд, уæд демæ чи хæцыдис, уымæй æппын ницы фæрыстаид? Ныр, йæ мард тæригъæд у уым ныууадзынæн, фæлæ йæм ацу æмæ цыппар гæды хъæды ныссадз бæрзонд, чырын ын сараз æмæ йæ уыцы цыппар хъæды сæр сæвæр, кæннод ын йæ мард рувæстæ æмæ бирæгътæ бахæрдзысты.

Мысыры æлдар рацыди Ацæмæзмæ, æмæ йын йæ ус куыд загъта, афтæ йын кæраз сарæзта. Нывæрдта йæ чырыны æмæ йæ кæразы сæр сæвæрдта, йæхæдæг фæстæмæ æрбаздæхт сæхимæ.

Æхсæвы лæг куы ’рфынæй ис, уæд ус рахъуызыди, æхсинæг фестади, ратахт æмæ, лæппуйы мард кæм уыдис, кæразы сæр, уым абадтис. Чырыны сæр байгом кодта, ныккасти йæм æмæ йæм бадзырдта:

— Æвгъау уыдтæ мæлынæн, удæгасæй ма дæ куы раййæфтаин, уæд дæ бæргæ фервæзын кодтаин.

Æмæ йæм лæппу сдзырдта:

— Æгас бæргæ дæн.

Уæд ыл ус баулæфыдис, æмæ лæппу цы уыдис, уый фестадис, — нал дæр цæф, нал дæр æндæр, æмæ усимæ кæрæдзиуыл тынг фæцин кодтой. Ус æхсинæджы хуызы фæстæмæ атахтис. Куы бахæццæ ис, уæд та фæстæмæ ус фестадис. Ацæмæз дæр гурæй-гурмæ йæ фæстæ бацыдис усæн, Мысыры æлдары хæдзармæ.

Æхсæвы Мысыры æлдар йæ хуыссæнæй фесхъиудта, æмæ йыл ус фæхæцыдис:

— Цы кодтай, цæмæй фесхъиудтай?

— Цыма, цы лæппуимæ хæцыдтæн, уый мын мæ хурх мæ сынтæджы къухыл ныллыг кодта мемæ райгуыргæ кардæй.

Ус æм дзуры:

— Уый дæ цæфтæ æхсидынц — уыцы лæппу афонмæ скæлм ис. Чысыл фæстæдæр та Мысыры æлдар йæ хуыссæнæй фесхъиудта. — Цы та кодтай, цæмæй та стъæлфыс?

— Нæй, ацы фын мæнæн исты фыдбылызмæ цæудзæнис. Цыма, цы лæппуимæ хæцыдтæн, уый мын мемæ райгуыргæ кард мæ нывæрзæнæй райста æмæ мын сынтæджы къухыл мæ хурх ныргæвста.

— Цæмæй тæрсыс, уый дæ цæфтæ æхсидынц, фынтæ куыд вæййынц, афтæ нæ цæуынц. Ахуысс, ахуысс, мæ хурты хур, уыцы лæппу афонмæ скæлм ис.

Мысыры æлдар та ног бафынæй ис, ноджы тарфдæр.

Æртыккаг хатт та фесхъиудта Мысыры æлдар.

— Цы кæныс, цæмæн æнæхуыссæг кæныс дæхи?

— Уыцы лæппу мын цыма мемæ райгуыргæ кард мæ нывæрзæнæй райста æмæ мын мæ хурх ныллыг кодта мæ сынтæджы къухыл, æмæ хæдзар туджы уылæнтæ ссис.

— Ахуысс, ахуысс, фынтæ дæ зæрдæмæ ма хæсс. Уыцы лæппуйæ цæмæй тæрсыс, афонмæ йæ тыгъд быдыры бирæгътæ хæрынц, — зæгъы ус.

Ацæмæз сæм хъуыста уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, æмæ куы базыдта, Мысыры æлдары кард кæм æвæрд ис, уый, уæд бацыд, кард райста æлдары нывæрзæнæй æмæ йын йæ хурх сынтæджы къухыл сæргæвста. Мысыры æлдары фæллой рахаста, усы дæр йемæ ракодта. Куы æрхæццæ сты Насран-æлдары ’фсадмæ, уæд Ацæмæз загъта Насран-æлдарæн:

— Мæнæ дын дæ рæсугъд ус, ме стыр хæрæфырт, æмæ фæрнæй цæрут.

Насран-æлдар бирæ арфæтæ фæкодта Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзæн. Æрбацыдысты Нарты хъæумæ. Фос æмæ хæзнатæ Ацæмæз байуæрста Нартыл. Йæ фыды æрбаййæфта бынтон зæрондæй. Насран-æлдары ус зæронд Ацæйыл баулæфыд, æмæ куыд уыд, афтæ фестадис зæронд Ацæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.