Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХÆМЫЦЫ МÆЛÆТ



ХÆМЫЦЫ МÆЛÆТ

Нарты Хæмыц Нарты ’хсæн номдзыд лæг уыди. Цæуæнты цыди, хæтæнты хатти æмæ бирæ хæрзтæ фæци Нартæн.

Фæлæ йæм Борæты Бурæфæрныг рагæй мæсты уыд. Уый афтæ рауад. Хæмыцы комы уыд Архъызы дæндаг. Уыцы дæндагмæ ахæм миниуæг уыд, æмæ-иу æй сылгоймаджы мыггагæй кæмæдæриддæр равдыстаид Хæмыц, уый-иу ын йæ фæндоныл дыууæ нæ загътаид. Уымæ гæсгæ бирæты зæрдæхудт райста Хæмыц. Йæ ус Быценон куынæуал уыдис, уæд Борæты Бурæфæрныджы усмæ дæр фæрæдыди. Бурæфæрныг маст зæрдæйы нытътъыссæн кодта, фæлæ йæ куыд райстаид, уымæн ницы амал ардта, — йæ ныфс нæ хаста Хæмыцмæ.

Сайнæг-æлдар сæ хæрæфырт уыд Борæтæн, æмæ йын загътой:

— Нарты Хæмыц нын бирæ фыдбылызтæ фæкодта, æмæ нын дзы нæ маст куы райсис, уæд дын æй никуы ферох кæниккам.

— Хорз, — зæгъгæ, загъта Сайнæг-æлдар, — æрмæст ма Æхсæртæггаты дæр бафæрсут, кæддæра уыдон та цы зæгъынц?

Сæ гуыппырсарты бафæрсын кæм бауæндыдаиккой, фæлæ Сырдон, — арвы хин, зæххы кæлæн, Нарты фыдбылыз, — Æхсæртæггаты фæлхæрстыты æрæмбырд кодта æмæ хъæр кæны:

— О Æхсæртæггатæ, фехъусут мæ уацхъуыд: æз уын зæгъын, æмæ сымахæн уе сæфт Хæмыцы къухæй у, фæлæ йын марыны фæнд скæнут.

— Æхсæны дурæй йæ амарын хъæуы, кæннод ма йын Батрадзы хуызæн гуырдтæ куы рацæуа, уæд нæ донмæ скъæрдзæн æмæ нæ фæстæмæ æнæ донæй здахдзæн! — зæгъгæ, схъæр кодтой Сырдоны ныхæстæм Æхсæртæггаты фæлхæрстытæй иуæй-иутæ.

Ацы ныхæстæ куы фехъуыста Сайнæг-æлдар, уæд бафарста Борæты:

— Кæуылты у йæ хæтæны цæуæн фæндаг Хæмыцæн, стæй цы афон фæцæуы?

Уыдон ын загътой, кæуылты æмæ кæд, уый.

Уæдæй фæстæмæ Сайнæг-æлдар райдыдта Хæмыцы фæдыл зилын.

Иубон куы уыд, уæд Хæмыц цуаны ацыд, æмæ йæ Сайнæг-æлдар рауыдта. Йе ’фсургъыл куыд фæцæйбадти Хæмыц, афтæ йæ Сайнæг-æлдар æрбаййæфта. Хæмыц æм бæргæ фæзылд, фæлæ йæ Сайнæг-æлдар кардæй ныцъцъыкк ласта. Хуыцау кард Хæмыцæн Архъызы дæндагыл сæмбæлын кодта, æмæ кардæй иу къæртт фæхауди æмæ арвыл абадт — Мæй уæдæй фæстæмæ ис. Ноджыдæр æй ныццæфтæ кодта, æмæ йæ афтæмæй амардта. Йæ мард ын йæ бæхы саргъмæ бабаста. Бæх Хæмыцы мард Æхсæртæггатæм æрхаста.

Æхсæртæггатæ уайтагъд базыдтой, уыцы бæллæх сыл Борæты ардыд æмæ Сайнæг-æлдары къухæй кæй æрцыди, уый.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.