Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАРТЫ ÆМБЫРД (КÆНÆ НАРТ ЧИ ХУЫЗДÆРЫЛ КУЫД ДЗЫРДТОЙ)



НАРТЫ ÆМБЫРД (КÆНÆ НАРТ ЧИ ХУЫЗДÆРЫЛ КУЫД ДЗЫРДТОЙ)

Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бадæнтыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.

— Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йеддæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой.

Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр.

— Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардыл уæд хъуысти Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой; ацы рæстæджы хуызæн сæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæгъдау фырнозтæй се ’фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се ’хсар куы нæ састой.

Афтæ загъта дыккаг хистæр.

— Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой; сылгоймаджы тыххæй йæ цæсгом куы ничи сæфта.

Уый радзырдта æртыккаг хистæр.

Æмæ рахастой Нарты хистæртæм æртæ тыны, фыдæлты кадджын æмæ зынаргъ хæзнатæ.

Райста дзы Уырызмæг иу тын æмæ загъта:

— Ацы хæзна Нарты хистæртæ аккаг кæнынц, нæ фæсивæдæй æд-зонд, хъæбатырдæр æмæ хæрзæгъдаудæр чи разына, уымæн. Йæ ныфс уæ чи бахæсдзæн ацы хæзнамæ?

Йæ бадæнæй систа Нарты Хæмыц йæхи æмæ дзуры:

— Æз исын ацы тын.

— Уый та куыд?! — ды рагæй дæр дæ аууонæй куы тæрсыс, лæгмæ комкоммæ бакæсын куы никуы бауæндыдтæ зæронды бонмæ, — дзурынц Хæмыцмæ Нарт.

— Раст загътат, Нарты хуыздæртæ! Æз уын мæхицæй цæмæй раппæлон, уымæй мæм ницы ссардзыстут, фæлæ... мæ фырт Батрадз... табу хистæрты фарнæн! Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр нæ разындзæн Нарты. Уый æвзæрдзинад дæр нæ бакæндзæн, кæнын дæр æй нæ бауадздзæн йæ разы.

Райста Уырызмæг дыккаг тын æмæ загъта:

— Ацы хæзнайæ кадджын кæнынц Нарты хистæртæ уыцы адæймаджы, хуыздæр чи разына йæ гуыбыныл, лæджы уаргъ зынæй дæр хæссын чи бафæраза кæрæй-кæронмæ, кад æмæ радæй.

Æмæ та сдзырдта Хæмыц:

— Мæнмæ цæуы ацы тын дæр.

— Зæрдæмæ бацæуинаг нæу, Хæмыц, дæ хъуыддаг: дæ фыдгуыбын дын чи нæ зоны, иу ахæм адæймаг дæр нæй Нарты. Никуы дын ничи базыдта де ’фсис, иннабонæй-иннабонмæ фынджы уæлхъус бадгæйæ, «бæркад», зæгъгæ, никуы ссыди дæ дзыхæй, — дзурынц та Хæмыцмæ Нарт.

— Мæ фырт Батрадзы сæрыл исын ацы тын дæр: гуыбыныл дæр ничи разындзæн уымæй хуыздæр.

— Æртыккаг тын Нарты хистæртæ саккаг кодтой, сылгоймаджы тыххæй æгъдауджындæр чи разына нæ фæсивæдæй, фылдæр чи ныббара йæ сылгоймагæн, уымæн, — загъта та Уырызмæг.

— Никæмæ йæ ауадздзынæн ацы хæзна дæр, — загъта та ноджы Хæмыц.

— Адæмæн æмбисонд куы фæци дæ хъох-дæндаг; быруйы хуынчъытыл куы бырыдтæ ды искæй устытæм; дæхи ус — Быценты чызджы дæ дзыппы куы хастай, уæд уый зæгъын та куыд бахъæцыд дæ цæсгом, — загътой та Нарт.

— Уæ уайдзæфтæ сæ бынаты сты, фæлæ уый зонут, Нарт, æмæ сылгоймаджы тыххæй дæр никуы ссардзыстут мæ фырт Батрадзæй уагджындæр.

Уæд Нарты хистæртæ сфæнд кодтой бавзарын Хæмыцы фырт Батрадзы йæ хъарутæй. Æмæ Батрадз балцæй куыд æрбацæйцыди, афтæ йын Нарты хистæртæ арвыстой йæ размæ фондзыссæдз барæджы.

Батрадз куы бамбæрста, йæ размæ кæй бадынц, уый, уæд базмæлын кодта йæ бæх, цыма фæтарсти, уыйау. Барджытæ арæнхъ сты йæ фæдыл. Уæд сæм уый фездæхта йе ’ргом, æмæ — дæ балгъитæг афтæ! — иу лæджы хуызæн федта сæдæ барæджы. Бирæ дзы нал ссардта йæ хæдзар, чи ма дзы аирвæзт, уыдонæн дæр сæ туг сæ сисбынтæй калди.

Куывды бадтысты Нарт иннабонæй-иннабонмæ.

Батрадз дæр — уым. Фынгтæ афтæ сарæзтой, æмæ дзы Батрадз не ’ххæст иумæ дæр. Иннабонæй-иннабонмæ Батрадз комдзаг не схаста йæ дзыхмæ, фæлæ уæддæр иннæтæй хъæлдзæгдæрæй зарыд, аивдæр уыди йæ кафт.

Æмæ та Батрадз йæ хæдзары нæ уыди, афтæ йын хъомгæсы барвыстой йæ усмæ. Баййæфта хъомгæсы йæ уаты; лæджы цонг уыд усы сæры бын. Батрадз хъомгæсы цонг раласта йæ усы сæры бынæй æмæ усы цонг бакодта хъомгæсы сæры бын; йæхæдæг раздæхт кæртмæ, йæ нымæт йæ быны æрытыдта, йæ саргъ йæ нывæрзæн бакодта æмæ, уыйадыл йæ къах дæр нал атылдта хурыскастмæ.

***

Тæрхоны лæгтæн сбæлвырд сты æнæмæнгæй Батрадзы лæгдзинæдтæ; аккаг ын скодтой фыдæлты хæзнатæ, фæлæ ма ныхас уыди сæ астæу: «Нарты фæсивæдмæ Батрадзæй æххæстдæр гуырд кæй нæ разынди, уый æцæг у, фæлæ нæ хъуыддаг кæронмæ нæ ахæццæ кодтам: хъуамæ базонæм, хъуамæ бамбарæм, — цæмæ гæсгæ райста Батрадз, цæмæ гæсгæ йын адджын фесты уыцы лæгдзинæдтæ».

Æрбасидтысты Батрадзмæ æмæ йæ фæрсынц.

— Диссаг уæм хъуамæ фæзындзæни, Нарты хæрзæджытæ, — байдыдта Батрадз, — фæлæ хъæбатырдзинад, сарæхсын мæ зæрдæмæ райстон æз мæ цуанон куыдзæй.

— Уый та куыд? — бафарстой Нарт.

— Цуанæй æрбацæйцыдтæн иу хъæуыл, — загъта Батрадз. — Бирæ куыйтæ æрæмбырд ис мæ куыдзыл. «Хæрдзысты мын æй», — загътон мæхинымæры. Уалынмæ кæсын, æмæ куыдз ай-уый нал, фæлæ асхуыста размæ. Æвæдза, ныр куыйтæ фæиугай сты йæ фæдыл, афтæ сæм фездæхта йæхи æмæ сын батыхтæ кодта.

Æмæ уæд бахастон мæ зæрдæмæ: знаджы басæттынмæ куы хъавай, уæд афтæ бакæн, цæмæй знаг фæдихтæ уа, фæхæлиу уа йæ тых, уæд зын нæу йæ байсафын.

— Гуыбыны тыххæй та нын цы зæгъинаг дæ?

Æмæ раныхас кодта Батрадз:

— Цуаны уæвгæйæ сырд амардтам. Нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, æрбынат кодтам. Арт бандзæрстам, физонджытæ фæкодтам сырды фыдæй; хистæртæ нæм дзурынц: «Донæн нын амал скæнут».

Араст стæм донагурæг. Фæндагыл нæ чидæр иу хызынгонд скъуырдта йæ къахæй. Айстам æй немæ. Кæсæм, æмæ иу къæдзæхæй тæдзы сыгъдæг дон. Тæдзæнмæ байдыдтам дарын нæ хызынгонд. Дарæм æй, дарæм, фæлæ йын байдзаг кæнынæн амал нал ис: хызынгонд ивæзы æмæ ивæзы.

Æрхастам дон; адæм басастой сæ дойны; фæрсæм сæ: «Цавæр мигæнæн у ацы хызынгонд, уыцы ивæзт чи кæны?»

Фæтæрхон кодтой уыцы ран, бирæ чи фæцард, бирæ чи ’мбæрста, уыдон æмæ загътой цæхгæр: «Уый лæджы уæцъæфы йеддæмæ ницы уыдзæн! Уымæн нæй байдзаг кæнæн, ничима йын базыдта æгас дунейыл дæр никуы йе ’фсис».

Уæдæй фæстæмæ никуыуал байдзаг кодтон æз мæ гуыбын: фырхæрд — фыдрын. Фæлтæрын байдыдтон мæхи. Цыппар дихы кодтон мæ кæрдзын иу рæстæджы, æртæ хайы дзы-иу бахордтон: тых къаддæр нæ кодта, мæ куыст уæлдай нæ фæци. Уый фæстæ ме стонг кæрдзыны æрдæгæй састон, æгас кæрдзынæй йæ куыд састон, афтæ.

— Сылгоймаджы сæраппонд цы ’гъдæуттыл хæцыс, уыдон тыххæй та уæд куыд хъуыды кæныс?

Æмæ та радзырдта Батрадз:

— Мах — Нарты фæсивæд — стæры уыдыстæм нудæс æмæ ссæдз барæгæй. Бафтыдыстæм иу тыгъд быдырмæ. Быдыры — никуы бæлас, никуы дон. Нæ къухы ницы бафтыд. Бæхæй, лæгæй æвирхъау æнтæф бон нæ сæрæн нал уыдыстæм æнæ дон æмæ æнæ хæринагæй. Æризæр ис, афтæ кæсæм, æмæ иу ранæй рухс цæуы. Бахæццæ стæм рухсмæ... Уым разынди хъæу. Ус æмæ нæм чызг рацыдысты иу ранæй, лæг зынæг нæй.

— Фысым уын фæуыдзыстæм: уазæг хуыцауы уазæг! — дзурынц нæм афтæ чызг æмæ мад.

Кæрæдзимæ ракæс-бакæс акодтам, æнæлæг хæдзары куыд æрæнцайæм, зæгъгæ, фæлæ уæддæр æрхызтыстæм нæ бæхтæй æмæ сæ кæстæрты æвджид бакодтам.

Нæ фысымтæ нын хорз æхсæвæр сарæзтой.

Фæсахсæвæр нын бакодтой хуыссæнтæ дыууæ уаты: иу уаты — ссæдзæн, иннæйы та — нудæсæн. Уалынмæ хъусын: мад æмæ чызг, нæ уæлхъус лæугæйæ, хатиагау ныхас кæнынц (нæ балæй та æрмæст æз æмбæрстон хатиагау):

— Чызгай, æз абонæй соммæ дæн, кæд æрбамæлдзынæн, уый бæрæг нæй: æз ницыуал бавзардзынæн зæрдæмийæ, æхсызгондзинæдтæй. Дæуæн цард бацайдагъ уæд, æндæра, зæгъæн сын нæй, уыйбæрц бирæ фендзынæ. Афтæ бакæнæм, æмæ ссæдзæн æз ратдзынæн æгъдау, нудæсы та ды барæвдау.

— Уæ, Нана, мæлын хистæрæй кæстæры сæрыл нæу: зæронд бæх байрагдзармы хор бирæ хатт бахæры. Æз нæма рацардтæн, ницыма федтон; фендзынæн æви нæ, уый дæр дыууæйыл у. Ды та ацардтæ, дзæвгар федтай... Ссæдзæн æз хъуамæ зæгъон: «Æгас цæут!»

Æмæ бамбæрстон уæд, сылгоймаг мæгуыр кæй у, тыхст сахат ыл кæй скæны рæстæгæй-рæстæгмæ. Уыцы ран дзырд радтон мæхицæн: мæ фыды хæдзармæ цы сылгоймаг æрцæуа мæ номыл, уый куыд никуы фæсайдзынæн; йæхæдæг куы фæрæдийа, уæд дæр æй азымы кæй никуы бадардзынæн.

Арфæ ракодтой Нарты хистæртæ Хæмыцæн йæ фырт Батрадзы тыххæй, арфæ ракодтой Батрадзæн.

Систой сæхи сæ къæлæтджын бадæнтæй æмæ ахæлиу сты æмбырдæй.

***

Иуахæмы та Нарты стыр Ныхасы ноджы дзырд рауад, Нæртон адæмæй чи хуыздæр у, зæгъгæ, ууыл. Бирæ ныхас дзы æрцыди, фæлæ ницæуыл ахицæн ис. Сырдон уым нæ уыдис уыцы рæстæджы. «Сырдоны бафæрсæм, — загътой се ’ппæт дæр, — уый нын зæгъдзæн, чи хуыздæр у Нæртон адæмæй, уый».

Сырдон куы фæзынд Нарты Ныхасы, уæд æй бафарстой, æмæ сын загъта Сырдон:

— Хуыздæр уый уаид, йæ бæх хъæстæлвæст чи ныккæнид æмæ йыл Нарты стыр хæдзары чи ныхъхъазид æмæ йæ сæйрагыл зæрватыччы сыффытт чи акæнид; Нарты стыр Хъугомы йæ бæхы фæд гутоны фæдау кæмæн уаид; хуыцауы быдырмæ чи ацæуид æмæ уырдыгæй хуыцауы сконд чызджы чи æрхæссид.

Йæ ныфс ничи бахаста Нартæй.

Нарты зæронд Хæмыцы фырт болат Батрадз ныфсæй домбай уыд, æмæ бафæлварын сфæнд кодта. Йæ нæртон бæх хъæстæлвæст ныккодта æмæ йыл рæвдзæй Нарты стыр хæдзары схъазыди, стæй йæ ныццæлхъытæ ласта æмæ сæйрагыл зæрватыччы сыффытт акодта. Æмæ араст ис Нарты стыр Хъугомы, йæ бæхы фæд гутоны фæдау, хуыцауы быдыр агурæг.

Цас фæцыд, чи зоны, фæлæ иу афон бахæццæ ис хуыцауы быдырмæ, рахаста хуыцауы сконд чызджы æмæ йæ Нартмæ æрбафардæг кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.