Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАРТЫ СИМД (КÆНÆ БАТРАДЗ УС КУЫД РАКУЫРДТА)



НАРТЫ СИМД (КÆНÆ БАТРАДЗ УС КУЫД РАКУЫРДТА)

Арвы рухс æмæ зæххы фидауц басгуыхти авд æфсымæры иунæг хо Акула-рæсугъд.

Саразын кодта йæ авд æфсымæрæн дыууæ денджызы ’хсæн, авд фæндаджы астæу æфсæн мæсыг æмæ уым бадти, æддæмæ нæ каст; йæ цæстæй нæлгоймаг никуы федта. Нарты хæрзæджытæ йæ уындмæ бæргæ бæллыдысты, фæлæ уый сæ къухы не ’фтыди.

Уæд иубон куы уыди, уæд Нарты гуыппырсартæ, Уырызмæгæй фæстæмæ, Сау хохы сæрмæ æрæмбырд сты æмæ уым симд сарæзтой. Симгæ та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлдысты, Сау хъæды бæлæстæ фæзтытæ кодтой, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта.

Уырызмæг уыцы афон цуаны уыди æмæ сыл æрбафтыди.

— Уæ гуыпп-гуыппæй адæмы туг куы фæлидзын кодтат, уæд уыл цы ’рцыди, цæуыл симут, Нарты гуыппырсартæ? — фæрсы сæ Уырызмæг.

— Цæуыл симæм, уый дын куыннæ зæгъдзыстæм: авд фæндаджы астæу æфсæн мæсыджы цæры бæсты рæсугъд Акула. Æддæмæ нæ кæсы, йæ цæст лæгыл никуыма æрхæцыди. Алы бон дæр, Хъæндзæргæсы базыртæ йæ уæлæ, афтæмæй арвыл æртæ зилæны æркæны. Симæм, кæд мыййаг йæ иу рацыды махырдæм фæкомкоммæ уаид, æмæ нæ йæ цæст искæуыл æрхæцид, йе та йæ, æппынфæстагмæ, кæд уынгæ фæкæниккам.

— Гъæ, мæгуыр уæ бон, гъе! — зæгъгæ, ныккодта зæронд Уырызмæг. Цы мын радтиккат, æз уын куы фенын кæнин Акула-рæсугъды, уæд?

— Æз дын радтин мæ уайаг бæх.

— Æз дын радтин мæ кæрдгæ кард.

— Æз дын радтин, хох цæрдхуынкъ цы ’рдын æмæ фат кæнынц, уыдон, — дзурынц симгæ-симын Нарты гуыппырсартæ, кæрæдзийы дзыхæй дзырд исынц, афтæмæй.

— Уæ, тæхуды, Уырызмæджы зæронд, æмæ ахæм лæг куы разынис, Акула-рæсугъды ардæм чи ’рсаид, уæд дын æз, ивгъуыйгæ цы æрдын нæ кæны, уый дæр нæ бавгъау кæнин, — загъта фæстагмæ Хæмыцы фырт Батрадз.

Йæ хъулон Æрфæны фæзилы Уырызмæг, тæхынтæ, уайынтæ сисы æмæ дзуры йæ бæхмæ:

— Мæсыджы размæ куы ныххæццæ уæм, уæд-иу къуылыхы æфсон скæн æмæ-иу размæ мауал æккуырс æппындæр. Æз дæ ехсæй, мæ бон цас уа, уыйас нæмдзынæн, фæлæ-иу ды къахдзæф дæр ма кæ размæ, цыма стайгæ бакодтай, уыйау.

Мæсыджы размæ куы ныххæццæ сты, уæд бæх æцæг йæ къæхтæ ныццавта æмæ размæ нал змæлыд. Уырызмæг æй нæмын байдыдта, йæ ехсы цæф æрвнæрæгау хъуысти мæсыгмæ. Фæлæ Æрфæн къахдзæф дæр нал кæны размæ.

— Уый цавæр хъæр у, арвы хъæры хуызæн? — фæрсы дисгæнгæ Акула-рæсугъд.

— Дæлæ иу зæронд лæгæн йæ бæх нал цæуы, æмæ йæ нæмы, æмæ уый ехсы хъæртæ сты, — дзуры Акуламæ йæ фæсдзæуин чызг.

— Цæугæ æмæ йæ бауром, — суазæг æй кæн, — уый кæнæ стыр мæстджын у, кæнæ нозтджын, кæнæ æдылы, кæннод та йæ усы æбуалгъ митæй йæ зæрдæ кæмæн фæрыст, ахæм.

Фæсдзæуин чызг рацыд æмæ дзуры Уырызмæгмæ:

— Фысым бакæ, зæронд лæг, дæ бæхы фæллад дæр уал суадз æмæ дæхи фæллад дæр.

— Гъæ, дæ бон бакалай, мæнæ хъал чызг! Фысым кæнæн рæстæг мын куы уаид, уæд ардыгæй уæлæмæ дæр уæ тапкайы хуызæн искуы ссардтаин, фæлæ ууыл нæ дæн: Агуыры æфсæдтæ денджызы былмæ æрбабырсынц; мæ иунæг хо уым цæры, æмæ йæ фервæзын кæнын кæд мæ къухы бафтид, кæнæ ма йæ кæд уынгæ фæкæнин, — дзуры чызгмæ Уырызмæг.

Фæсдзæуин чызг аздæхт æмæ Акулайæн рафæзмыдта Уырызмæджы ныхас.

Акула-рæсугъд æфсады кой куы фехъуыста, уæд куыннæ фæтарстаид! Æрхызти мæсыджы сæрæй æмæ дзуры Уырызмæгмæ:

— Ахсæв ам лæуу, хорз зæронд лæг! Дæ бæхы дæр баулæфын кæ, дæхæдæг дæр дæ фæллад суадз; райсом та, хуыцау цы зæгъа, уый уыдзæн.

— Уырызмæг ма хуыздæр цы куырдта хуыцауæй — сразы ис.

Хорз æй куыннæ суазæг кодтаиккой æхсæвы!..

Райсомæй, бон куыддæр фæцъæх ис, афтæ фестад Уырызмæг, йæ бæхыл абадт æмæ афтæ тагъд атахт, цыма цæстыфæныкъуылдмæ арвы кæрон балæууыдаид. Ныр мæ нал уынынц, зæгъгæ, афтæ куы ацыд, уæд йæ бæхæй æрхызт æмæ йæхиуыл бонасадæн кæны. Уалынмæ та дæлæ тæргæ бæхæй фæстæмæ æрбацæуы æмæ дардæй хъæр кæны.

— Уæхи æфснайгæут! Уæхи æфснайгæут!

Мæсыгæй йæм дзурынц:

— Ныхасмæ ма нæм фæлæуу!

Уырызмæг йæ бæх баурæдта.

Рауадысты йæм æмæ йæ фæрсынц:

— Цы у, дæ хорзæхæй? — радзур ма нын æй дзæбæх.

— Мæ хойы нал федтон! Агуыры æфсæдтæ æрбахæццæ сты, æмæ уайын, кæд ма мæ бинонты бафснайын мæ къухы бафтид.

— Дæ хорзæх мын хуыцау радтæд, æмæ мæн дæр демæ акæн, ам мæ дзæгъæл ма ныууадз, — дзуры Уырызмæгмæ Акула-рæсугъд.

— Мæхи бинонты бахъахъхъæнын куы бафæразин, дæ быгъдуаны та ма куыд бацæуон, — дзуапп ын радта Уырызмæг.

— Дæ хуыцаумæ скæс, æмæ мæ ма ныууадз, — зæгъгæ, та йæм дзуры Акула-рæсугъд.

— Дæ тыхстмæ кæсын мын зын уыдзæн, фæлæ цæй... цы гæнæн ма ис?! Раифтонг кæн дæхи! — зæгъгæ, загъта уæд Уырызмæг æрæджиау: хуыцауæй цы куырдта, уыцы хъуыддаг йæ къухы бафтыд.

Акула-рæсугъд æмбæрзт хъандзалджын тулæджы æхсæз бæхы аифтындзын кодта, йæ хæзнатæ йемæ рафснайдта æмæ араст ис Уырызмæджимæ.

Иу чысыл куы ауадысты, уæд Акула дзуры:

— Зæронд лæг, кæд дæ бæх бæхты фарсмæ цæуын бафæраздзæни, уæд æй бабæтт, дæхæдæг мæнæ мæ фарсмæ сбад.

Уырызмæг йæ хъулон Æрфæны бæхты фарсмæ æрбаста, йæхæдæг æмбæрзт тулæджы Акулайы фарсмæ фæлмæн бадæны сбадт æмæ уырдыгæй бæхтæрджытæн фæндаг амыдта.

Æрбаввахс сты Сау хохмæ. Хохы сæр сау мигъ сбадти, — уый Нарты гуыппырсартæ сæ симд стыхджын кодтой, æмæ рыг сæ сæрыл сбадти.

Акула фæрсы Уырызмæджы:

— Уыцы сау мигъ та цы у?

— Уый, бæлвырд, Нарт æфсады кой фехъуыстой æмæ йæ ныхмæ рацыдысты, æмæ дæ кæд фæнды, уæд уырдæм ссæуæм.

Акула ахъуыды кодта æмæ загъта:

— Æфсады ныхмæ чи рацыд, уыдонæй хуыздæр ма нæ чи бахъахъхъæндзæн, хуыздæр ран ма кæм ссардзыстæм?!

Ацыдысты æмæ Сау хохы сæр Нарты симды балæууыдысты. Нарт сæ симды кой кæнынц. Акула-рæсугъд сæм æхгæд рудзынгæй ракасти.

Цæхæрцæст нæрæмон. Сослан æй куы ауыдта, уæд йæхи нал баурæдта, йæ уæнгтæ сцагъта æмæ йæм дзуры:

— Ацал-ауал боны мах ам дæу тыххæй симæм. Ныр дæ курын, æмæ мемæ расим.

— Бæргæ хорз лæг дæ, Сослан, демæ бæргæ расимин, фæлæ хохаг лæг дæ, æмæ дын де ’рчъиты фæсал кæнын куы нæ базонон, уæд мæ бафхæрдзынæ.

— Ме ’рчъийы быны фæхъхъау фæу, — зæгъгæ, йæм йе ’рчъийы бын сдардта Сослан, йæхæдæг уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй раздæхти.

— Уæд та мемæ асим, Акула-рæсугъд, — дзуры Къандзы фырт чысыл Сæууай.

— Бæргæ асимин демæ, фæлæ дын Нарты гуыппырсартæй исчи мæ къухы ’фсон дæ къух куы фелхъива, уæд дын ныммур уыдзæн.

— Уæдæ мемæ асим, — дзуры йæм Хæмыц.

— Демæ бæргæ асимин, Хæмыц, фæлæ уалдзыгон кæрдæг æмæ фæззыгон фæсал иумæ куыд схæццæ уой, дæ зачъе афтæ сси.

— Аргæ дæр дæ æз скодтон, хонгæ дæр дæ æз æркодтон, æмæ мемæ расим, — дзуры йæм Уырызмæг.

— Демæ бæргæ асимин, Нарты зæронд Уырызмæг, фæлæ де ’фсин — Сатана тынг карз адæймаг у, æмæ дын уыимæ куы нæ бафидауон.

— Мæ кæлгæ нуазæн Сатана æмæ ме дзаг фынг Сатанайы сæрвæлтау фæу, — зæгъгæ, йæхи райста Уырызмæг.

Æппæты фæстагмæ йæм дзуры Хæмыцы фырт болат Батрадз:

— Чызг, мемæ расим!

— Ай-гъай расимин демæ, Хæмыцы фырт болат Батрадз, — Нарты ’хсæн æнаипп иунæг ды куы дæ! Фæлæ дæумæ дæр иу аххос ис: базырджын æвдсæрон уæйыг Хъæндзæргæс дын дæ фыдæлтæй иуы — Уон, зæгъгæ, йæ ном, уый фæсхохмæ фæхаста; йæхицæн æй хъомгæс скодта, мидгъуын кæрцы цæуы, æмæ йын слыскъ ис; хуры йын æмпылгæ кæны йæ къæрид, къæвдайы — ивæзгæ, афтæмæй цæры. Уый Хъæндзæргæсы исбонимæ куы рахæссай, уæд демæ симын бæгуыдæр æмбæлы мæныл.

Батрадз, цыма йын исчи йæ былтæ ракъуырдта, уыйау фæстæмæ фездæхти æмæ дзуры:

— О Нарт! Æз цæуын, æмæ ме ’рыздæхынмæ уæ симд ма фехалут, стæй Акула-рæсугъдмæ зул дзырд ма скæнут, йæ зæрдæхудт ын мацæмæй райсут!

Уыйадыл йæ бæхыл йæхи баппæрста Батрадз æмæ сæхимæ смидæг ис æмæ дзуры Сатанамæ:

— Нана, уæ Нана! Нарты хæтæг адæм хæтæны цæуынц, æмæ нæм фыдæлты хæзнайæ — йе цирхъы зæронд, йе згъæр — кæд искуы исты баззад, уæд мын æй бацамон.

— Уæ, Нана дæ фæхъхъау æрбауа! — уæртæ нæ мидæггаг хæдзары иу æфсæн чырын дæ фыдæлты дзауматæй йæ тæккæ дзагæй лæууы. Бацу йæм, хатиагау æм сдзур. Байгом уыдзæн æфсæн чырын, æмæ дæ дзы цы хъæуа, уый-иу сис.

Батрадз бацыд мидæггаг хæдзармæ æмæ хатиагау сдзырдта чырынмæ. Чырыны дуар зæланггæнгæ байгом ис.

Згъæрæй, цирхъæй йæ зæрдæмæ цы фæцыд, уыдон йæ уæлæ æрæфтыдта Батрадз æмæ афтæмæй Сатанамæ бацыди.

— Нана, уæ Нана! Зæгъ-ма, куыд мыл фидауынц нæ фыдæлты гæрзтæ?

— Уæ, Нана дæ сæрыл хаст фæуа, — куыд дыл фидауынц, куы! — хуры тын хæхтыл куыд фидауы, афтæ дыл де згъæр фидауы, уалдзыгон æртæх нæуæг кæрдæгыл куыд фидауы, афтæ та — дæ цирхъ.

— Нана, уæдæ хæссынæн рог, хæрынæн дзæбæх цы хæринаг уа, ахæм мын ракæн. Стæй бавдæл, æмæ нæ фыдæлтæй Уон чи хуынди, уымæн кæд йе бæхы зæронд, йе идоны зæронд искуы баззад, уæд мын уыдон дæр бацамон.

Сатана хæринаг ацæттæ кодта, стæй дзуры Батрадзмæ:

— Уæртæ зæронд хæдзары рагъæныл — Уоны саргъ æмæ идон, райс сæ æмæ ацу Сау хъæдмæ. Хъуыддаг афтæ у: Уонæн баззад иу урс бæх, æмæ бон хохы фидары вæййы, æхсæв та хъæды æрдузмæ рацæуы хизынмæ. Хохæй æрдузы æхсæн иу къахвæндаг снадта æмæ дыууæрдæм дæр цæуы ууыл. Кæд дæ дæ хъару ахæсса, уæд дæ къухы бафтдзæн, кæннод цы хос ис!

Уоны саргъ æмæ идон йемæ айста Батрадз æмæ ацыди Сау хъæдмæ æмæ къахвæндаджы сæрмæ даргъдæр цы бæлас уыд, уый цонгыл сбадти. Урс бæх æхсæвы хизынмæ куы рацæйцыд, уæд æм Батрадз бæласы цонгæй йæхи æрæппæрста æмæ йыл абадт. Бæх æй æрдузы ахаста. Батрадз ын йæ хæмхудтæм февнæлдта æмæ йыл фыццаг идон афтыдта, стæй йыл æваст саргъ авæрдта. Хъал бæх йæхи хæрдмæ фехста æмæ Сау хъæды бæлæстæй мигъы æхсæн ахъазыди; Батрадз ын æртæ цæфы ахæмтæ фæкодта, æмæ йæ фæрстæй æрчъихор фæхауд, стæй йæ æрбамбырдтæ кодта æмæ цæуын байдыдта.

Цыди æмæ дæргъ уæрхмæ гæрста.

Цас фæцыдаид, чи зоны, фæлæ йæм иуахæмы йæ бæх дзуры:

— Ныр кæдæм цæуыс? — фæндаг зонын хорз у!

— Нæ фыдæлтæй нын иуы æвдсæрон уæйыг Хъæндзæргæс фæхаста фæсхохмæ, æмæ уый агурынмæ цæуын, — дзуапп ын радта Батрадз.

— Ой, уый дæ къухы кæм бафтдзæн! — загъта бæх. — Дæ фыд дæр уыцы уæйыгыл бирæ фæархайдта æмæ йын ницы фæрæз ссардта. Хъуыддаг афтæ у: уæйыгæн нæ бацæуæны дыууæ хохы хæцынц фырытау. Уыдон сæ кæрæдзийæ куы фæхицæн вæййынц, уыцы афон мæнæн æртæ ахæм цæфы ныккæнын куы бафæразай, æмæ мæ фæрстæй æрчъихортæ куыд схауа, дæ армытъæпæнтæй та уафсхортæ, уæд баирвæздзыстæм, на æмæ — æз дæр сæфт, æмæ ды дæр. Иухатт мæ дæ фыд æххæст цæфтæ ныккæнын нæ бафæрæзта, æмæ мын хæхтæ мæ къæдзил алхъывтой, æмæ уым аззади. Уæдæй ардæм, кæс, къудайæ цæуын.

Уыцы ныхасгæнгæйæ схæццæ сты, хæхтæ фырытау кæм хæцынц, уырдæм. Батрадз йæ бæхыл ахъазыд, æрбамбырдтæ йæ кодта, хохы ’рдæм æй фездæхта æмæ, ныр дыууæ хохы фæйнæрдæм цæуыныл сты, зæгъгæ, афтæ йын æртæ цæфы ахæмтæ ныккодта, æмæ бæхы фæрстæй æрчъихортæ фæхауд, йæхи армытъæпæнæй та — уафсхортæ; йæ ехсы хъæрæй бæстæ ныййазæлыдысты, дыууæ хохы фæкъуырма сты.

Бæх атæррæст ласта æмæ хæхтæн иннæрдыгæй фæци. Хох фалæрдыгæй лæгъз къуылдымтæ-къуылдымтæ ахаста, æмæ сыл иуырдыгæй бæхрæгъæуттæ æмæ стуррæгъæуттæ æмызмæлд кодтой, иннæрдыгæй та лыстæг фосæй сау адардта. Рæгъаугæсæй дзы лæууы иу зæронд лæг. Батрадз æм бацыд æмæ йæм дзуры:

— Дæ бон хорз, зæронд лæг!

— Хорзæй цæр, мæ хур! Фæлæ абоны онг æз ардæм æрбацæуæг куынæ ма федтон, цæуæг куынæ уадзы, тæхæг куынæ уадзы йæ бæсты ’ввахс æвдсæрон уæйыг, уæд ды цавæр диссаг дæ — куыд æмæ цæмæн æрбафтыдтæ? — зæгъгæ, йæ фæрсы зæронд лæг. Йæхæдæг Батрадзы дзуапмæ нал фенхъæлмæ каст, фæлæ бæхы алыварс æрзылди, æмæ йæ цæстысыгтæ зæхмæ æргæр-гæр кодтой.

Батрадз æм дзуры:

— Цы кæныс, зæронд лæг, мæ фенд дын афтæ хъыг уыди?

— Дæ фенд мын хъыг бæргæ нæ уыди, фæлæ ацы хуыцауы ’лгъысты къухы куы бахаудтæн, уæд мæ ацы бæхы хуызæн бæх баззади, æвæдза, афонмæ йæ искуы бирæгътæ ныххордтой. Уый мæ зæрдыл æрбалæууыди, æмæ мæ цæстысыгтæ ууыл æркалдысты.

— Уæдæ кæугæ ма кæн, зæронд лæг, ай, дæхицæй цы бæх баззад, уыцы бæх у, æз та Нарты Хæмыцы фырт Батрадз дæн, æмæ тæрсгæ мауал кæн!

— Рахиз-ма, уæдæ дæ бæхæй, æз дын де уæнджы конд фенон, кæддæра æцæг махæй дæ, — дзуры зæронд лæг.

Батрадз æрхызт йæ бæхæй æмæ йæм бацыд. Зæронд лæг ын йæ уæнгтыл йæ къух æруæгъдтытæ кодта.

— Нæхицæй дæ бæлвырд, нæхи уæнгты конд дын ис, фæлæ цæмæ ’рбацыдтæ? Æз кæй фесæфтæн уый æгъгъæд нæ уыд, ды та ма дæхи цæуыл фесæфтай? — зæгъгæ, загъта зæронд лæг æмæ ныккуыдта.

— Кæугæ ма кæн, зæронд лæг, кæуынæй ницы пайда ис, фæлæ цæргæ кæм кæны уæйыг, уый мын бацамон.

Уый дæр ын æй бацамыдта:

— Уæлæ Сау хохы сау лæгæты цæры; йæ дуарыл дур æвæрд, рафæлдахæн цы дурæн нæй, ахæм дур.

Ссыди Сау хохмæ Батрадз; лæгæты дуарыл цы хох-дур æвæрд уыд, уый фæрсырдæм асхуыста æмæ багæпп ласта мидæмæ. Уæйыг хуыр-хуырæй хуыссы, йæ хъæлæсæй цæхæр кæлы; царыл æмбæлы цæхæр æмæ фæстæмæ сау фæныкæй згъæлы. Йæ нывæрзæн бады Хуры чызг Хорческæ, хуртæ йæ дæллагхъуырæй худынц; йæ дæлфæдтæм та бады Мæйы чызг Мысырхан; залмы сыфтæ тилынц æмæ уæйыгмæ бындз хæстæг нæ уадзынц; сæ разы — фынгтæ, алыхуызон хæринæгтæй зæхмæ æртасыдысты; фæрсмæ дæр сæм нæ кæсынц чызджытæ, фæлæ кæуынц, сæ цæстысыг донау уайы, кæлы зæхмæ æмæ уым налхъуыт-налмас цæппузыртæ фесты.

— Уæ, уæ бон хорз, чызджытæ! — зæгъгæ, сæм дзуры Хæмыцы фырт Батрадз. — Цæуыл кæут?

Фестадысты чызджытæ æмæ дыууæйæ дæр æмдзыхæй сдзырдтой:

— Дæ хъуыддаг раст уа, Хæмыцы фырт болат Батрадз! Мах кæй сæфæм, уый æгъгъæд куы уыд, ды та ма дæхи къахæй цæмæн æрбацыдтæ сæфынмæ? Мах ууыл кæуæм, æмæ ныртæккæ нæ сæрыхицау райхъал уыдзæн æмæ та нын нæ туг бацъирдзæн. Фондз мæйæ фондз мæймæ нæ фæхæссы алы дзæбæх хæринаг æмæ нуазинагæй; фæндзæймаг мæй куы фæвæййы, уæд нын не счъилты туас ныззилы æмæ нын нæ туг сцъиры. Уыцы тугæй дыууæ къуырийы цæры æнæ райхъалæй. Ныртæккæ у нæ туг цъирын афон.

Батрадз йæхиуыл нал фæхæцыд æмæ йæ цирхъ фелвæста. Гъа ныр ныцъцъыкк ласон уæйыджы, зæгъгæ, куыд сфæнд кодта Батрадз, афтæ йæм чызджытæ дзурынц:

— Ма ныццæв! Уымæн искæй цирхъæй мæлæн нæй. Æрмæст æй райхъал кæндзынæ, æмæ дæ бахæрдзæн.

— Уæдæ цæмæй у йæ адзал? — фæрсы сæ Батрадз.

— Мæнæ нæ фæсдуар стыр чырын æхгæдæй лæууы. Байгом кæнæн ын нæй. Чырыны хуылфы ис стыр цирхъ, йæ раласынæн сæдæ цæды галтæ кæмæн хъæуы, ахæм. Уымæй у, гъе, йæ мæлæт, æндæр ын адзал нæй — цирхъ æй нæ кæрды, фат дзы нæ хизы.

Батрадз чырынмæ бауади, хатиагау æм сдзырдта, æмæ чырын байгом ис. Уырдыгæй цирхъ фелвæста æмæ дзы уæйыджы бæрзæй ныцъцъыкк ласта. Æмæ йын йæ авд сæрæй æхсæз ахауын ласта. Æвдæймаг сæр дзуры:

— Хæмыцы фырт Нæртон Батрадз! Фынæй лæгмæ бавналын дын аккаг нæ уыди!

— Бæргæ нæ уыди, фæлæ æгæр кæй бафхæрдтай Нарты, уымæ гæсгæ мæ маст мæ хъуырмæ схæццæ ис, æмæ мæхи нал баурæдтон, уыййеддæмæ мын аипп кæй уыди, уый зонын, — загъта Батрадз.

— Уæдæ дæ курын: цæмæй тагъддæр амæлон, хъизæмар бирæ нал фæкæнон, уый тыххæй ма мæ дыккаг цæф ныккæн, — дзуры уæйыг.

— Нарты Æхсæртæггатæ Елиайау иудзæфон сты, — дзуапп ын радта Батрадз.

Уæйыг ма йæ сæр бæргæ фæхъил кодта, бæргæ ма схæцыд йæхиуыл, фæлæ ницыуал.. Уæлгоммæ афæлдæхт, йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ дæргъæй баззади.

Хуры чызг æмæ Мæйы чызг куыннæ бацин кодтаиккой, мæгуыртæг. Сæ хъыджы цæстысыгтæ асур сты, фæлæ сæ бæсты цины цæстысыгтæ сæ рустыл æргага кодтой.

— Ардыгæй фæстæмæ мах де уазæг, — зæгъгæ, бадзырдтой Батрадзмæ, сæ сæртæ бакъул кодтой, афтæмæй.

— Уæ зæрдæ фидар уæд, нæ уæ ныууадздзынæн дзæгъæлы! — дзуры сæм Батрадз.

Уæд ын чызджытæ загътой:

— Ам ис иу æрчъиаг. Ууыл дунейы исбон бацæудзæн. Ис дзы ноджы иу синаг. Уымæй цыдæриддæр æртухай, уый гæлæбуйы уæз нал фæкæны. Ис ма дзы дыууæ хъандзал базыры, Хъæндзæргæсы базыртæ. Уыдоныл цыдæриддæр авæрай, уый хæхты, хъæдты сæрты ахæсдзысты, кæдæм дæ фæнда, уырдæм. Стæй ма уартæ хохы дагъы ис æхсыры цад. Уымæй йæхи чи цынайы, уый, ног милтæ кæуыл рахæцы, ахæм лæппу фестдзæни!

Батрадз фыццаджыдæр зæронд лæджы акодта æхсыры цадмæ æмæ йæ уым цынадта. Зæронд лæг лæппу фестади. Стæй æхсырæй йæ цылыхъ байдзаг кодта. Уый фæстæ уæйыджы фæллой æрæмбырд кодта — фосæй, хорæй — æмæ сæ æрчъиагыл самадта. Синагæй сæ æртыхта, сæ сæрыл сын Уоны, Хорческæйы æмæ Мысырханы сбадын кодта. Хъандзал базыртыл сæ авæрдта æмæ, дыууæ хохы фырыты хæст кæм кодтой, ууылты ратахтис æмæ Нарты бæстæм æртахт. Уым синаг райхæлдта, æмæ, æрчъиагыл цы фосы дзугтæ æмæ бæхты рæгъæуттæ уыд, уыдон рацыдысты æмæ бæстæ бамбæрзтой. Йæ фыццаг сæ скодта Батрадз, Уон æмæ чызджытæ дæр йемæ, афтæмæй, æмæ Сау хохмæ ссыди. Нарты гуыппырсартæ ма уым цæлхæмбырдæй сæ симды кой кодтой.

Акула-рæсугъд æхгæд тулæджы рудзгуытæ йæхиуыл æхгæдæй дардта, афтæмæй Батрадзæн йе ’рцыдмæ къахæй-къухмæ фæлыст сцæттæ кодта.

Батрадз Хæмыцы, цылыхъы цы ’хсыр рахаста, уымæй ахсадта, æмæ Хæмыц усгур лæппуйы карæн фестад.

Бацыд Мæйы чызг Мысырханмæ Батрадз æмæ йæм дзуры:

— Абонæй фæстæмæ уыдзынæ Уоны бинойнаг!

Бацыд Хуры чызг Хорческæмæ Батрадз æмæ йæм дзуры:

— Абонæй фæстæмæ уыдзынæ Хæмыцы бинойнаг!

Йæхæдæг та Акула-рæсугъды ахаста йæхицæн усæн.

Гуыпп чындзæхсæвтæ куыннæ ныккодтаиккой Нарт — къахыл цæуынхъом чи уыд, уыдон иууылдæр æрæмбырд сты æмæ иннабонæй-иннабонмæ фæхордтой, фæнозтой, фæхъазыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.