Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆ



БАТРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆ

Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ. Уымæ ахæм миниуæг уыд, æмæ, æвæдза, адæймаг йе сгуыхтдзинæдты тыххæй æцæгтæ дзуры, уæд-иу æнæвналгæйæ йæхи систа æмæ-иу адæймаджы дзыхы размæ бацыд, намæ-иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодтаид.

Иуахæмы та Нарт бадтысты æмæ сæ Уацамонгæйы сæ разы æрæвæрдтой, къуымæлæй йе дзаг, афтæмæй. Æмæ алыхуызон таурæгътæ кæнын байдыдтой сæ лæгдзинæдты тыххæй.

Иу-иу загъта: æз афтæ дæр бакодтон æмæ уфтæ дæр, æз уым æмæ уым фесгуыхтæн; иннæ дæр — афтæ, аннæ дæр — афтæ. Фæлæ кæсынц, æмæ Уацамонгæ йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны.

Батрадз æнцад-æнцой бады æмæ хъусы.

Иууылдæр куы фесты дзырд, уæд Батрадз фестад æмæ ехсыхъæдæй Уацамонгæйы бахоста:

— Цуаны уыдтæн; фæцæйцыдтæн иу суангыл æмæ изæры дауджытæй амардтон авд. Цацæг зæгъын, уацæг мæ фыд Хæмыцы уæраджы сæрмæ схиз!

Уацамонгæ зæххæй йæхи систа æмæ Хæмыцы уæраджы сæрыл йæхи æруагъта.

Дыккаг хатт дæр та бахоста Батрадз Уацамонгæйы йæ ехсыхъæдæй:

— Иннæ суангыл фæцæйцыдтæн æмæ райсомы дауджытæй амардтон авд. Цацæг зæгъын, уацæг мæ фыд Хæмыцы ронбастмæ дæхи сис!

Уацамонгæ Хæмыцы уæраджы сæрæй йæхи систа Хæмыцы ронбастмæ.

Æртыккаг хатт зæгъынмæ куы хъавыд Батрадз, уæд æм Хæмыц дзуры:

— Зæгъын цы ’мбæлы, уый зæгъ, зæгъын цы не ’мбæлы, уый ма зæгъ!

Уый йын уый тыххæй загъта Хæмыц, æмæ Хорæлдар æмбæхст уыд, Уацамонгæйы цы къуымæл уыдис, уым, цæппузыры мидæг, йæ фырты йын чи амардта, уый куы базонид, зæгъгæ, уый тыххæй. Хæмыц тарст, Батрадз куы срæдийа, æмæ Хорæлдар исты фыдбылыз куы сараза Нартæн, уымæй. Фæлæ та Батрадз æртыккаг хатт бахоста Уацамонгæйы æмæ ноджы ныфсджындæрæй загъта:

— Æртыккаг суангыл фæцæйцыдтæн æмæ авд Елиатæ амардтон, авд Мыкалгабыртæ. Хорæлдары фырт Бурхор-Алийы дæр æз амардтон. Цацæг зæгъын, уацæг мæ фыд Хæмыцы дзыхмæ схиз.

Уацамонгæ Хæмыцы дзыхмæ схызт, æмæ Хорæлдар Уацамонгæйы хуылфæй рагæпп ласта, оххай, мæхæдæг дæр ма нозт цæуын къуымæлимæ, зæгъгæ; азгъордта, фæлæбурдта хъæбæрхоры зæнгмæ — уæды онг ыл зади æхсæз æфсиры — æмæ йæ йæ къухæй схафта: æфсир уадзынмæ йыл нал хъавыд йæ фырты мæстæй. Уæд æм Уастырджи дзуры:

— Гъæйтт, мæ бæхæн ма дзы сайæнваг уæддæр фæуадз!

Æмæ ма йыл иунæг æфсир фæуагъта Хорæлдар, иннæты сыскъуыдта.

Хæмыц Уацамонгæйы йæ дзыхыл сдардта, фæлæ Уацамонгæ айдзаг ис алы æвзæр æмæ æлгъаг хилджытæй: кæлмытæй, хæфсытæй, гæккуыритæй. Сæхи-иу систой уыдон Уацамонгæйæ æмæ-иу нуазинаджимæ фæцæйцыдысты Хæмыцы дзыхмæ. Уæд-иу сæ Хæмыц йæ болат рихитæй æрцавта, æмæ-иу Уацамонгæйы бын амбæхстысты.

Афтæмæй афæлдæхта Хæмыц Нарты Уацамонгæйы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.