Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ ХЫЗЫ ФИДАР КУЫД БАСАСТА



БАТРАДЗ ХЫЗЫ ФИДАР КУЫД БАСАСТА

Нарты Сосланы ус уыди Хуры чызг. Рагæй фæнд кодта Хызы ’лдар Сосланы усы йæхи бакæнын. Æууæрдын райдыдта йæ бæхы, — авд азы дæргъы йæм фæзылди къæйгонд хъæбæрхорæй.

Иухатт куы уыди, уæд Сосланы ус хуртуæттæ кодта. Хызы ’лдар æй федта, сбадти йæ хорхор бæхыл æмæ араст ис Сосланы хæдзармæ. Сослан уыцы рæстæджы уыди дард балцы.

Хызы ’лдар Хуры чызджы афардæг кодта, уæдæ цы уыдаид!

Йæ хæдуæлвæд Сослан йæ балцæй æрыздæхти, æмæ йæ усыл йæ цæст куы нæ ’рхæцыд, уæд бафарста Сатанайы, кæм ис, зæгъгæ. Сатана йын радзырдта, йæ усы йын Хызы ’лдар кæй ахаста æмæ йæ Хызы фидары кæй дары, уый.

Æрæмбырд сты Нарт æмæ афсад кодтой Хызы фидармæ. Æртыхстысты фидары алыварс æмæ йыл хæцын байдыдтой, фæлæ йæ басæттын сæ бон нæ баци, уый тыххæй æмæ Хызы ’лдар æрæмбырд кодта Нарты ныхмæ, зæд æмæ дуагæй цыдæриддæр уыд, уыдон.

Ныууагътой Нарт хæцын æмæ аздæхтысты фæстæмæ.

Цыма сыл судзгæ мард æрцыд, афтæ ныйисты Нарт — нал дæр худгæ, нал дæр хъазгæ.

Уæд Сатана æртæ мыдамæсты ракодта, Кувæн къуыпмæ рауади æмæ кувы:

«Хуыцæутты хуыцау, мæхи хуыцау! Кæд мæ истæмæн рафæлдыстай, уæд ме ’нæныййаргæ фырт уæларв зæдтæ ’мæ дауджытимæ тæрхоны бады, æмæ ныртæккæ ам цы фесты, уый радт — тых æрцыд Нартыл».

Батрадз Сатанайы куывд куы фехъуыста, уæд афтæ тынг рамæсты ис, афтæ, æмæ йе ’ндон сырх зынг аци. Ратæррæст кодта æмæ раст Уырызмæг æмæ Сатанайы авдæддæгуæлæ мæсыджы сæр сæмбæлд. Авд уæладзыджы дæр судзгæ æрцыд æмæ æппæты бинаджы, донæй йæ тæккæ дзаг, ахæм стыр цæджджинаджы ныххауд.

Куы ’руазал ис, уæд рацыд æмæ Сатанайы фæрсы, цы ныл æрцыд, зæгъгæ.

— Цы ма ныл æрцæуа, Хызы ’лдар Сосланы усы аскъæфта йæ фидармæ, — радзырдта йын Сатана.

Батрадз фæдзырдта Нартмæ æмæ сæ йемæ айста. Хызы фидар куы сзынди, уæд Батрадз æрлæууыд æмæ дзуры Нартмæ:

— Мæнæ мæ мæ фатмæ фидар бабæттут.

Нарт дис кæнынц, фæлæ йæ уæддæр бæттынц. Бабастой йæ, йæ зæрдæ куыд загъта, афтæ.

— Гъеныр мæ æрдыны сæвæрут. Уæ бон циу, уымæй æрдынбос алвасут æмæ мæ Хызы фидармæ фехсут.

Куыд сын загъта, афтæ бакодтой Нарт.

Къæхтæ æмæ къухтæ хæлиуæй ахаста Батрадз, афтæмæй фидары къулыл сæмбæлд æмæ йæ батыдта, суанг ма иннæрдыгæй дæр æрызгъæлдысты сисы дуртæ.

— Гъæ, куыдз кæй ныййардта, уый, Нарт афтæ æнæзмæлæг фесты, æмæ сын ды сæ устыты скъæфай! — зæгъгæ, февнæлдта Хызы ’лдармæ æмæ йæ цонгæлвæст, сæрыскъуыд фæкодта.

Ракодта Хуры чызджы æмæ йæ Сосланыл сæмбæлын кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.