Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ



БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ

Нарт Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм симд, æмæ зæхх сæ быны рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди, — нæдæр Уырызмæг, нæдæр Сослан, нæдæр Батрадз.

Хохæй бынмæ Нарты симдмæ касти сохъхъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт Алæф æмæ загъта:

— Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæхынджылæг кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзауматæ схæссон!

Уыцы ныхасмæ йæм йæ фыд Æфсæрон дзуры:

— Уæ, ма кæ, ма ацу, Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты фыдбылыз сараздзæн, — уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иухатт Нарты фæсивæд фембæлдысты; загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс мæнæ, — мæ цæст мын сæппæрстой.

Кæм байхъуыста лæппу йæ фыдмæ! Дыууадæс кæрдзыны йæ роны атъыста фæндаггагæн æмæ рараст ис Зилахармæ.

— Хорз, — зæгъгæ, загъта фыд, — кæд дыл мæ ныхас не ’рцæуа, уæд фендзыстæм.

Дзæвгар куы ’руади лæппу, уæд кæсы, æмæ иу ран хъомы рæгъау хизы. Бауади, дыууадæс хъуджы дзы радыгъта æмæ сбадти аходæн хæрыныл. Куы бахордта, уæд та дарддæр йæ фæндаджы кой кæны. Иу ран иу дынджыр тулдз бæлас æд уидæгтæ стыдта æмæ йæ йе уæхскыл авæрдта, афтæмæй Нарты симдмæ бахæццæ ис. Бахæццæ ис æмæ тулдз бæлас зæххыл нытътъæпп ласта. Нарты фæсивæд бæласы тъæппæй фыццаг хæрдмæ фесхъиудтой, стæй сæ мидбынæтты æрбадтысты. Сохъхъыр уæйыджы фырт йæ дзыхы дзаг ныккæл-кæл кодта. Уый фæстæ дзуры:

— Куыйты Нарт! — рацæут æмæ симæм, нæ хъару бавзарæм!

Цы бон сæ уыд тарст адæмы, æрхæндæг зæрдæйæ та æрхæцыдысты кæрæдзийыл æмæ симынц.

Бахызти симды астæумæ уæйыджы фырт æмæ, йæ зæрдæ кæимæ фæзæгъы, ууыл æрхæцы æмæ симы. Симы, уæдæ цы, хъал Алæф æмæ Нарты фæсивæдæй кæмæн йæ къух бамур кæны, кæмæн йæ мæкъуыстæг фелвæсын кæны, кæмæн йæ фæрстæ балхъивы. Хъæрзынц Нарты фæсивæд, фæлæ сæ уæддæр кæм уадзы сохъхъыр уæйыджы фырт. Æризæр ис. Нарты фæсивæд сæ симд ныууагътой æмæ ахæлиу кæнынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сын уæйыджы фырт сæ дарæс байста, йæ дæлармы сæ акодта æмæ араст ис сæхимæ. Хохы сæрæй йæ хо фæлгæсы. Йæ цæст фæхæцыд комы йе ’фсымæрыл. Бауади чызг йæ мад æмæ йæ фыдмæ æмæ сæм дзуры:

— Далæ ме ’фсымæр ссæуы æмæ мын Нарты чызджыты дзауматæ схæссы.

Сохъхъыр уæйыджы нæ уырны, æмæ дзуры йæ чызгмæ:

— Цу-ма, акæс, кæддæра къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд кæны, æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы?

Акастис хо — йе ’фсымæр къуылдым-къуылдым хъæлдзæгæй сыскъæры.

Сохъхъыр уæйыджы нæ уырны уæддæр. Схæццæ ис лæппу æмæ сæрысхъæлæй дзуры йæ фыдмæ:

— Æда, нæ мæ уагътай, фæлæ кæсыс — хорз фæсимдтон, фæхынджылæг кодтон мæ фаг Нарты фæсивæдæй, мæнæ дын адон та — сæ дзауматæ.

Сохъхъыр уæйыг æм дзуры:

— Æнхъæлдæн, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыди!

— Сауæй, урсæй, къуыпныхæй, дзыхъныхæй — иууылдæр уым уыдысты Нарты фæсивæд, фæлæ мæм дзы хъыпп-сыпп ничи суæндыд, — загъта лæппу.

— Уæ, ма кæ, мæ фырт, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыд, фæлæ ныр ныууадз, мауал сфæнд кæн уырдæм цæуын.

Йæ къух ауыгъта Алæф йæ фыды дзырдтыл æмæ сæрысхъæлæй иннæрдæм аздæхти.

Дыккаг бон дæр та раджы фестади Алæф, дыууадæс кæрдзыны та йæ роны атъыста æмæ та араст ис Зилахармæ. Хъоммæ та фездæхти, дыууадæс хъуджы догъимæ та кæрдзын ахордта, тулдз бæлас та ратыдта, Нарты симды та балæууыд æмæ та фыдмитæ кæнын райдыдта Нарты фæсивæдæн.

Уыцы рæстæджы Хæмыцы фырт Батрадз бадти хохы сæр цъитийыл, цæмæй йе ’ндон уазал кодтаид, уый тыххæй. Касти уырдыгæй æмæ уыдта, Зилахары цытæ цæуы, уый. Алæф дыккаг хатт куы ’рцыд Зилахармæ, уæд йæхицæн хъуыды кæны Батрадз: «Ныр дыккаг хатт хынджылæг кæны Нарты æнæрцæф фæсивæдæй сохъхъыр уæйыджы фырт. Цон, æмæ мæ тых йемæ бавзарон, æндæр амал нал ис». Цъитийы ’рдæг ратыдта, йæ сæрыл æй авæрдта, цæмæй ма тæвд кæна, уый тыххæй, æмæ хæххон цæргæсау йæхи раскъæрдта Зилахармæ. Æрхæццæ ис. Цъити йæ сæрыл тад, æмæ йæ сæры дыууæ фарсыл дæтгæ згъордта. Сохъхъыр уæйыджы фырт куы бакасти Батрадзмæ, уæд йæхинымæры загъта: «Ай, бæлвырд, мæ фыд мын кæмæй загъта, уый у — саудзагъд æмæ къуыпных». Æмæ йæ зæрдæ бауазал ис.

Хæрзæгъдау уыд Хæмыцы фырт: æгас цу, зæгъгæ, загъта уæйыджы фыртæн æмæ йын йæ къух райста. Дæ фыдгул афтæ — бамуртæ ис хъал Алæфы къух.

Уый фæстæ йæм дзуры Батрадз:

— Уазæг, куы асимиккам, уæд куыд уаид?

Бæргæ æмризæджы рызти сохъхъыр уæйыджы фырт, фæлæ ма йын цы гæнæн уыд? Ныххæцыдысты. Симынц. Иу къорд зылды куы акодтой, уæд Батрадз Алæфы къахыл фæлæууыд æмæ йын йæ цонг скъуырдта. Атæбæкк ис Алæфы къах, йæ цонг та æлвæсгæ фæкодта. Симд тынгæй-тынгдæр кæны. Батрадз та Алæфы фарс басхуыста, æмæ йæ фæрсчытæ басастысты Алæфæн. Лæгъстæ кæнын байдыдта Батрадзæн, суадз мæ, зæгъгæ. Батрадз ма йæ араууæрд-баууæрд кодта иу чысыл, карчы цъиуы куыд араууæрд-баууæрд кæнай, афтæ, стæй йæ суагъта. Ныр феуæгъд дæн, зæгъгæ, уый куы базыдта уæйыджы фырт, уæд, гъейт-мардзæ! — йæ син йæ фæстæ ласгæ ныййарц ис сæхимæ.

Йæ хо та ракасти æмæ дзуры йæ мад æмæ йæ фыдмæ:

— Далæ та ме ’фсымæр ссæуы æмæ мын Нартæн сæ сырх дзауматæ схæссы.

— Ма ма тагъд кæн, — дзуры чызгмæ йæ фыд, — фендзынæ, цавæр сырх дзауматæ дын схæсса, уый.

Цалынмæ тарсти, куы мæ расура Батрадз, зæгъгæ, уымæй, уалынмæ цæф тæрхъусы згъорд кодта уæйыджы фырт, фæлæ куы адард ис, уæд йæ бон нал уыд, æмæ афæлдæхти.

Фыд дзуры йæ чызгмæ:

— Цу-ма, акæс-ма йæм иу хатт: къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд кæны æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы?

Акастис хо: йе ’фсымæр ададжы дæргъæй лæууы.

Бацыд чызг æмæ йæ фыдæн зæгъы:

— Далæ ададжы фæлдæхтæй лæууы.

Цы базонын хъуыд зæронд уæйыгæн йæ фырты хъуыддаг! Галтæ арвыста, æмæ æрдæг мардæй сластой Алæфы.

— Нæ дын загътон, мæ фырт, Нартæн тыхгæнæг тых нæ ары, — бадзырдта фыд йæ фыртмæ.

Йæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд фæрсы йæ фыды Алæф:

— Цæмæй афтæ тыхджын у Батрадз?

— Уымæй, æмæ йæхи уæларв Куырдалæгоны куынцгомы байсæрын кодта, — дзуапп ын радта йæ фыд.

— Гъæ сохъхъыр хæрæг, æмæ мæн цæуылнæ байсæрын кодтай Куырдалæгонæн! — зæгъгæ, фæхъæр кодта йæ фыдыл Алæф. Сыстад æмæ араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ ис æмæ дзуры:

— Куырдалæгон, мæнæ дын сызгъæрин, æмæ Батрадзы куыд байсæрдтай, афтæ мæн дæр байсæр.

— Батрадз æндон уыд, фæлæ ды басудздзынæ, æмæ тæригъæд дæ, — зæгъы йын Куырдалæгон.

— Байсæр мæ, æндæр амал нæй.

Куырдалæгон бирæ дзурын нæ уарзта: райста сызгъæрин, бавæрдта Алæфы куынцгомы æмæ йæм куынц сарæзта. Куыддæр æм арт бахæццæ ис Алæфмæ, афтæ йæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодта:

— Басыгъдтæн, тагъддæр мæ айс, нал сæрын кæнын мæхи!

Куырдалæгон æртдзыскæн радавта, фæлæбурдта уæйыджы фыртмæ, фæлæ дзы сыгъдæтты йеддæмæ ницыуал баззади. Куырдалæгон сыгъдæттæ райста æмæ сæ æнæсдзургæйæ бырæттæм акалдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.