Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ ÆМÆ ТЫХЫ ФЫРТ МУКАРА



БАТРАДЗ ÆМÆ ТЫХЫ ФЫРТ МУКАРА

Батрадз уыйхуызæн лæг рацыд, æмæ уæларв йæхи æмбæхстæй дардта.

Нарт цæуаг уыдысты стæры. Стæй-иу тагъд не ’рыздæхтысты, æртæ азы дæр-иу дзы баззадысты. Иухатт та фæцыдысты фæсивæды дзæбæхтæ стæры, Нартæн сæ гуыппырсартæ дæр семæ, афтæмæй. Иу афæдзмæ куы нæ ’рцыдысты, уæд Тыхы фырт Мукара, фæсте ма сæ чи баззад Нартæй, уыдонмæ сæрвыста сæ уæзæгмæ: «Уæ фыдæлтæ мæ фыдæлтæн чызг хъалон фыстой; иу къорд азы уæ нал бацагуырдтон æз уыцы хъалон. Ныр мын æй рарвитут, кæннод уæм тыхæй цæуын».

Нарт ныккатай кодтой: «Ныр цы кæнæм, куы никуы фехъуыстам ацы хъуыддаг, уæд куыд бакæнæм? Дæттæм, æмæ нæ нæ зондджынтæ азымы дардзысты; нæ дæттæм, æмæ нæм цæудзæни, æмæ нæ тыхджын фæсивæд ам не сты, æмæ йæ разы чи балæудзæн?!»

Сырдон сын загъта:

— Уымæн сымах æппындæр ницы æрхъуыды кæндзыстут, фæлæ Сатанайы бафæрсут.

Цалынмæ уыдон уыцы фæндтæ кодтой, уалынмæ сæм схæццæ ис Тыхы фырт Мукара. Бацыди, æмæ ма чи ’рлæууыдаид йæ разы, чи дзы уыд! Схæцыди Мукара, æмæ Нарты чызджы дзæбæх æмæ чындзы рæсугъд кæм уыди, уыдон аскъæрдта йæ фыццаг. Сатана сæ куы ауыдта, уæд, дын, хъæрццыгъа рацахста æмæ йын зæгъы:

— Тагъд, тæхгæ Батрадзмæ æмæ йын зæгъ: «Лæугæ кæныс, — бадгæ мауал скæн, бадгæ кæныс, — цæрдæг фест, дæ хъæумæ хæццæ кæн, фесæфтысты». Кæд мын мæ ныхас фæхæццæ кæнай, уæд дын мæ карчы цъиутæй бар ратдзынæн.

Батрадз уыцы афон бадтис уæларв.

Хъæрццыгъа атахти æмæ йæм схæццæ ис.

Батрадз уый куы фехъуыста, уæд уæле йæхи раппæрста, Нарты уæзæгмæ ’рхауд æмæ йæ агъдрæбынтæм зæххы аныхсти. Йæхиуыл схæцыд, фæгæпп ласта æмæ бауад Сатанамæ æмæ йæ фæрсы:

— Мæ мад, цы уынгæджы фестут?

Сатана йын зæгъы:

— Уæ мыггагыл нырмæ цы не ’рцыд, уый сыл æрцыд. Кæд дæм исты хъару ис, уæд дæ сæр бахъуыд, — æмæ йын радзырдта хъуыддаг.

Батрадз æй фæрсы:

— Æмæ чердæм фæцæуы?

Сатана йын загъта:

— Фурды былмæ ныццу, — дæ мадырвадæлтæ уым сты, — æмæ фурды былæй ныхъхъæр кæн: «Гыццыл Чех, æддæмæ мæм ракæс, дæ сæр мæ бахъуыд, дæхион дæн, Тыхы фырт Мукара кæм ис, уый мын бацамон!» Уыцы Чехæн арв æмæ зæххы ’хсæн æмбæхст ницы ис, æмæ дын бацамондзæн, Тыхы фырт кæм ис, уый.

Батрадз хæдзармæ нал бацыд, фæлæ рауади æмæ ныххæццæ ис фурды былмæ. Фурды былæй ныцъцъæхахст кодта: «Донбеттырты гыццыл Чех, дæхион дæн, æмæ мæм æддæмæ ракæс!»

Чех цæрдæг лæг уыди, фæгæпп ласта, æмæ ма Батрадзæн йæ цъæхахсты нæрын хъæдтæй хъуысти, афтæ йæ цуры фестади. Батрадзы куы ауыдта, уæд загъта:

— Дæхион дæн, зæгъгæ, куы ныхъхъæр кодтай, æмæ æз мæхиуæттæй дæ хуызæн лæг куы никуы федтон; куыд мæхион дæ, уый мын куы зæгъис!

— Уый фæрсыныл ма схæц, фæлæ Тыхы фырт Мукара кæм ис, уый мын бацамон, — дзуры йæм Батрадз.

— Базыдтон дæ ныр; æцæг, мæхион дæ!.. Амонгæ дын бакæндзынæн, кæм ис Тыхы фырт, уый, фæлæ йæм афтæ æнцоныл нæ бахаудзынæ, — загъта Чех.

Батрадз ахъуыды кодта æмæ зæгъы:

— Уæд та мын æм минæвар бацу æмæ йын афтæ зæгъ: «Уырдæм мæ ма бацæуын кæ, кæннод уый зон: Нартмæ кæй нæ зоныс, æз уыцы Батрадз дæн. Афтæ ма банхъæл, фурды фæфидар уыдзынæ. Æз дæм æрцыдтæн хæстмæ, æмæ мæм æддæмæ ракæс».

Чех афтæ рæуæг уыд, æмæ æртæ цæстыныкъуылдмæ æртæ бонцауы цыди. Бацыдис Мукарамæ æмæ йын радзырдта:

— Наргæй дæм æрцыд иу æнæхил лæппу, дыууадæс наййаджы цы мусы цæуынц, гъе уыйас сты йæ цæстытæ; æрвиты дæм: «Уырдæм мæ ма бацæуын кæ, кæннод уый зон, Нартмæ кæй нæма зоныс, æз уыцы Батрадз дæн. Афтæ ма банхъæл, фурды фæфидар уыдзынæ. Æз дæм æрцыдтæн хæстмæ, æмæ мæм æддæмæ ракæс».

Мукара ахъуыды кодта æмæ загъта:

— Мæнæн дæр худинаг у, хæстмæ мæм чи ’рцыди, уымæй бамбæхсон, уый; фæлæ кæд нæртон лæг у, уæд Нарты хæцæн бон у майрæмбон, æмæ йын уæдмæ цæттæ дæн.

Рацыд Чех æмæ Мукарайы ныхас Батрадзæн фехъусын кодта. Батрадз дæр ма цы загътаид! — аздæхт æмæ йæ хъæумæ ссыд. Йæ хъæуы ныхъхъæр кодта:

— Цагъды фæуат, Нарт! Сау хæрæг уын сау митæ бакодта! Уый бæсты уын уæ быныскъуыд куы фенин. Майрæмбонмæ мын хæст расидти, æмæ хæцгæ не скæндзыстут, фæлæ мæм дардæй кæсгæ уæддæр кæнут.

Нарт, цы сын уыд Батрадз, уый нæма зыдтой. Кæрæдзийæн дзурынц: «Ныр цы кæнæм, хуызæй нæхи хуызæн у, фæлæ нын ныронг кæм уыд, уый куы нæ зонæм».

Батрадз сæ бамбæрста æмæ сæм дзуры:

— Чи дæн, уый уын зæгъдзынæн: æз дæн Нартæй, Быценон — мæ мад, Хæмыц — мæ фыд. Нæма уыдтæн мæхи равдисынхъом æмæ уый тыххæй æмбæхстæй цардтæн. Ныр цæуын Тыхы фырт Мукараимæ хæцынмæ — дзырд стæм майрæмбонмæ. Мах хæцдзыстæм Хызы быдыры, сымах та-иу нæм кæсут Уазы къуыппæй.

Майрæмбоны Батрадз йæхи бацæттæ кодта. Бацыд æмæ йæ сау бæх раласта æмæ йæм дзуры: «Æз дын зæгъын, мæ бæх: уый мæнæн æнæ исты ныфсæй нæ расидтис хæст. Æз дæ æд саргъ ауадздзынæн мæ цуры хизынмæ. Куы стæвд уон тыхджын æмæ дæм куы фæхъæр кæнон, гъæйтт, мæ бæх, цы фæдæ, зæгъгæ, уæд-иу дардæй дæхи рауадз æмæ мæм куы ’рхæццæ уай, уæд-иу мæ дæ сынæгæй, дæ бон цы уа, уымæй тыхджын ныццæв, фурдæн йæ астæу куыд скуыси уон, афтæ».

Рацыдис æмæ æрхæццæ ис фурды былмæ. Бадзырдта Мукарамæ:

— Мæнæ дæн, æмбæхсгæ ма бакæн!

Мукара, дын, рагæпп ласта фурдæй. Кæрæдзийыл сæхи ныццавтой; хæхты, быдырты рахæсс-бахæсс кæнын байдыдтой кæрæдзийы: æппын сæ ничи сæтты. Хъæдмæ бахастой кæрæдзийы. Бæлас бындзæфхадæй рæдувынц, кæрæдзийыл æй ныххуырсынц, уæддæр сæ ничи сæтты. Фæстагмæ йæ Батрадз рахаста йæ разæй. Фурды былмæ æрцыд сæ хæст. Батрадз стæвд и æмæ дзуры йæ бæхмæ: «Гъæйтт, мæ бæх, цы фæдæ?» Бæх, дын, йæхи рауадзы, Батрадзмæ ’рхæццæ вæййы, йæ сынæгæй йæ йæ тых-йæ бонæй скъуыры, æмæ Батрадз фурды бæстастæу сæмбæлы. Æруазал ис фурды Батрадз. Рахызти æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:

— Фæлæуу, сау хæрæг, гъеныр дæм фæцæуын!

Мукара фæтарсти йæ хъæрæй æмæ фурды фæныгъуылд. Фурды бын цардысты Кадзитæ, æмæ уыдонмæ уыд фысыммæ Мукара. Куы сæм бахæццæ ис, уæд сын загъта:

— Ахæм хæцæг æрбацæуы мæ фæдыл, æмæ ма йын кæд исты бакæнæм, уæд хиндзинадæй, кæннод уымæн тыхæй ничи ницы ракæндзæн.

Кадзитæ, дын, бавдæлдысты æмæ Батрадзы бацæуæны ахæм уæрм скъахтой, æмæ йæ бынæй йæ сæрмæ хъæр нæ хъуысти. Ноджы йыл уæле байтыдтой гауызтæ.

Æрбацæуы Батрадз, æмæ Кадзитæ афæнд кодтой:

«Нæ иутæ йæ размæ ацæуæнт æмæ йыл сæхи бафæдзæхсæнт. Не ’ннæтæ та уыйбæрц дур æмæ къуыдыр æрхæссæнт, æмæ сæ ацы уæрм куыд байдзаг кæнæм».

Сæ иутæ дур, къуыдыр æрцæттæ кодтой, се ’ннæтæ та Батрадзы размæ рацыдысты æмæ йын зæгъынц:

— Мах ницыгæнæг стæм, дæ фæндагыл дын байтыдтам гауызтæ, æмæ нæм рацу хæстæг.

Араст и Батрадз æмæ фæцæуы ныфсджынæй, ницы ’нхъæлæй. Уæрммæ куы бахæццæ ис, уæд дзы ныххауди. Кадзитæ ныццин кодтой, багъæц, гъеныр дæ ссардтам дæ раны, зæгъгæ. Калын ыл байдыдтой, дурæй, къуыдырæй цыдæриддæр æрцæттæ кодтой, уый. Батрадз йæ цирхъ йæ сæрыл сæвæрдта, йæ ком хæрдмæ, афтæмæй. Кадзитæ йыл цы ныццæвынц — дурæй, хъæдæй, — уый цирхъыл æмбæлы æмæ лыг кæны, æмæ йæ лыггæгтæ бынмæ Батрадзы къæхты бынмæ згъæлынц. Афтæмæй уыдоныл хæрдмæ-хæрдмæ цæуы Батрадз. Йæ сæр куы фæзынди, уæд Кадзитыл фæхъæр кодта:

— Агъæцут, фæхизын уæм, фыд мыггаг!

Йæ хъæрæй фæсуртæ сты Кадзитæ. Уæрмæй фæгæпп ласта Батрадз; мæсыджы фæмидæг ис; фæмард кодта фыццаг Мукарайы, стæй Кадзиты бынцагъд ныккодта.

Нарты чызджытæ æмæ чындзыты уырдыгæй ракодта æмæ сæ схæццæ кодта сæ хæдзæрттæм.

Йæхæдæг та сфардæг ис уæларвмæ æмæ та йæхи бааууон кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.