Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ ЙÆХИ КУЫД БАЙСÆРЫН КОДТА



БАТРАДЗ ЙÆХИ КУЫД БАЙСÆРЫН КОДТА

Уæд, дын, Батрадз иуахæмы хъуыды кæнын байдыдта: «Ныр куыд дæн, афтæмæй мын искуы тыхгæнæг тых ссардзæн. Цæуон æмæ уæларв Куырдалæгонæн мæхи байсæрын кæнон».

Араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ йæм ис æмæ йæм дзуры:

— Байсæр мæ, Куырдалæгон!

— Ма кæ, мæ хур! — дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм зыныс æмæ судзынæн æгæр æвгъау дæ.

— Нæй æндæр гæнæн, Куырдалæгон, æмæ дæ курын — байсæр мæ.

Уæд Куырдалæгон сразы ис æмæ йын зæгъы:

— Уæдæ ацу æмæ мæй æвзалы фæсудз, мæй та дойнаг дзæнхъа фæлас.

Ацыд Батрадз æмæ мæй æвзалы фæсыгъта, мæй та дойнаг дзæнхъа фæласта.

Куырдалæгон Батрадзы куынцгомы баппæрста, куыфгай йыл æвзалы фæкалдта, стæй йыл дойнаг дзæнхъа самадта. Уый фæстæ йæм дыууадæсырдыгæй дыууадæс куынцы сарæзта æмæ йыл сæ мæйы дæргъы фæдымдта. Мæй куы рацыди, уæд Куырдалæгон йæхинымæры дзуры: «Афонмæ, мæгуырæг, ныссыгъди Хæмыцы фырт. Цон æмæ йын йе стæгдар ракалон». Бацыдис æм æртдзыскæнимæ, æмæ йыл Батрадз фæхъæр кодта:

— Зынг мæм куы нæ хъары, уæд мæ хъазгæ кæныс, æви цавæр у?! Стæй æнкъардæй мæлын, æмæ мын фæндыр рахæсс æмæ мæхицæн зарджытæ кæнон.

Куырдалæгон ын фæндыр бахаста. Ногæй та йыл æвзалытæ ныккалдта æмæ та йыл къуырийы дæргъы фæдымдта. Фæлæ та уæддæр Батрадзмæ зынг нæ бахъардта.

Уæд ын Куырдалæгон афтæ зæгъы:

— Ацу, Батрадз, æмæ залиаг кæлмытæ амар, уыдонæй куы нæ скæнæм æвзалы, уæд дæ хуымæтæджы ’взалыты зынг не стæвд кæндзæни.

Ацыди Батрадз æмæ залиаг кæлмытæ фæцагъта. Схаста сæ Куырдалæгонмæ, æмæ сæ æвзалы басыгътой.

Батрадз та куынцгоммæ бахызт. Куырдалæгон ыл æвзалы самадта æмæ та йыл фæдымдта. Къуырийы фæстæ та бацыд Куырдалæгон, æмæ йæм Батрадз хъæр кæны:

— Кæд фаг сзынг дæн, уæд мæ ам дымгæмæ ма дар, фæлæ мæ денджызмæ аппар!

Куырдалæгон ыл æртдзыскæнæй ныххæцыд æмæ йæ денджызмæ нынтъыхта. Денджыз сфыхти æмæ байсыст — арвмæ фæцыд тæфæй. Кæфтæ, кæсæгтæ хуыскъыл аззадысты æмæ хъылдымтæ кодтой. Батрадз цъæх æндон сси, æрмæст ма йæ иу тъанг æнæ сæрыдæй баззади, дон кæй байсыст, уый тыххæй. Рацыд денджызæй, æмæ та денджыз донæй байдзаг ис æмæ та фæйлауæнтæ байдыдта. Кæфтæ æмæ та кæсæгтæн дæр сæ зæрдæ се ’муд æрцыд, æмæ та арф-арфид денджызы фæйнæрдæм ленчытæ систой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.