Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАРТЫ БАТРАДЗ ÆМÆ ХЪУЛОНЗАЧЪЕ УÆЙЫГ



НАРТЫ БАТРАДЗ ÆМÆ ХЪУЛОНЗАЧЪЕ УÆЙЫГ

Нартæн сæ хæхты фæзындис Хъулонзачъе Уæйыг. Сæ фосы сын хизæнуатмæ нал уагъта, æмæ цагъды кодтой фос.

Уæд Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, куывд саразæм, уырдæм æрхонæм æппæт адæмы дæр æмæ равзарæм фосгæс. Уырызмæг арвыста хонджытæ Æртæ Нартмæ. Хонджытæ æппæт адæмы дæр æрхуыдтой.

Куывды Уырызмæг скуывта æмæ загъта:

— Нарты адæмæн фосгæс ацæуынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый кувæггаг айсæд!

Иу дæр йæ ныфс нæ бахаста.

Дыккаг хатт та Уырызмæг хонджытæ арвыста, ацæут æмæ ноджы фылдæр адæм æрхонут, цъиуызмæлæг дæр мауал ныууадзут фæсте, зæгъгæ.

Ацыдысты æмæ та æрхуыдтой адæмы.

Дыккаг хатт дæр та скуывта Уырызмæг, загъта та йæ ныхас, фæлæ та уæддæр ничи исы кувæггаг.

Уæд Уырызмæг бафарста хонджыты:

— Исчи ма баззадис Нарты адæмæй æдде?

Хонджыты хистæр загъта:

— Уæлæ ма иу чысыл лæппу бæгъæввадæй фæнычы хъазы.

— Ацæут, æмæ йæ тагъд ардæм æркæнут, — загъта Уырызмæг.

Хонджыты хистæр ссыдис лæппумæ æмæ йæ æрбахуыдта.

Уырызмæг лæппуйы куы федта, уæд та æртыккаг хатт сдзырдта, йæ ныфс чи хæссы, уый ацаходæд, зæгъгæ. Фæлæ Батрадз нæ бамбæрста, Уырызмæг цæуыл дзырдта, уый.

Уырызмæг та ноджы хъæрдæрæй сдзырдта. Уæддæр та нæ фехъуыста Батрадз ныхас: лæппутимæ хъазыныл фæци. Уæд Уырызмæг адæмæн се ’ппæты дæр æрыхъусын кодта йæхимæ, æмæ уæд Батрадз бамбæрста хъуыддаг.

— Чи ацæудзæн Нарты адæмæн фосгæс, уый кувæггаг айсæд, — зæгъгæ, куыддæр сдзырдта ацы хатт Уырызмæг, афтæ Батрадз бауад æмæ кувæггаг райста. Кувæггаг та уыд — æртæ гуыдыны æмæ галы сгуы. Йæ комы къулы сæ баппæрста лæппу æмæ сæ ахордта.

Дыккаг бон раджы раскъæрдтой Нарт сæ фос æмæ семæ рахастой Батрадзæн лæвæрттæ: чи дзабыртæ, чи хызын, чи худ.

Батрадз аскъæрдта фос хизынмæ. Хизæнуатмæ схæццæ ис, фæлæ Уæйыг нæ зыны. Батрадз сæгуыт амардта, йæ цармæй йын акодта мусонг, йæ фыдæй та физонджытæ. Хъулонзачъе Уæйыг уыдис балцы: хъуыддаг бамбæрста æмæ æрбацæуы. Батрадзы размæ æрбахæццæ ис æмæ футтытæ кæны:

— Чи куыдз, чи хæрæг, ам мæ зæхмæ йæ ныфс чи æрбахаста?

— Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр, кæд дæ сæт цæуыл калыс? — дзуры йæм Батрадз.

Уæйыг бамбæрста, уый Батрадз кæй у, уый. Сабырæй æрбацыд йæ размæ æмæ йæ фæрсы:

— Лæппу, ды Нарты Батрадзы нæ зоныс?

— Зонын, бæгуыдæр.

— Æмæ цавæр хъæзтытæ фæкæны?

— Мæнæ цавæр хъæзтытæ, — зæгъгæ, фæкодта Батрадз, — æрбынæй кодта Уæйыджы, йæ сæр ын фæлыг кодта, михыл æй бакодта, бæрзонд æй систа æмæ йæ æрбахæссы Нартмæ.

Нарты адæм изæрырдæм рацыдысты сæ фосмæ акæсынмæ. Михыл сæры къуыдыр куы ауыдтой, уæд, Хъулонзачъе Уæйыг æрцæуы, зæгъгæ, фæтарстысты. Уалынмæ Батрадз æрбахæстæг ис; базыдтой йæ, сæ тарст æрцыд, æмæ уæд йæ размæ рацыдысты.

Уæдæй фæстæмæ Нарты адæмы фос сæхи барæй хызтысты уæрæх хизæнты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.