Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗЫ ХЪÆЗТЫТÆ СЫВÆЛЛОНÆЙ



БАТРАДЗЫ ХЪÆЗТЫТÆ СЫВÆЛЛОНÆЙ

Батрадзы митæ æмæ æууæлтæм куы бакаст зонынджын Сатана, уæд бамбæрста, хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. Искæмæн исты фыдбылыз куы скæна, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, æддæмæ нал уагъта Батрадзы æмæ йæ иу хицæн талынг агъуысты бакодта. Бадти уыцы ран Батрадз, уæдæ цы уыдаид!

Иуахæмы йæм кæцæйдæр хуынкъæй рухсы цъыртт фæзынди. «Ай æдде рухс куы у, уæд мæ ацы талынджы цæмæн дарынц?» — бафарста йæхинымæры Батрадз. Айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ дуармæ фæкомкоммæ ис, йæ уæлныхты йæ рахаста æмæ уынгмæ рагæпп кодта. Кæсы — уынджы Нарты сывæллæттæ кæнынц сæ нæртон хъæзтытæ. Нал сæм фæлæууыд Батрадз æмæ семæ хъазын байдыдта. Уайтагъд уынг цъæхахст æмæ æрдиагæй байдзаг ис — йæ цонгыл-иу кæмæн фæхæцыд сывæллæттæй Батрадз, уымæн-иу йæ цонг атыдта, кæй-иу фесхуыста, уымæн та-иу йæ зæнг фæмур ис. Уынг фæдис сси иууылдæр. Сатана хъуыддаг бамбæрста, цъæхснаг уисимæ разгъордта уынгмæ æмæ Батрадзы цъыччытæ кæнгæ батардта сæхимæ.

Бирæ нæ рацыд, афтæ та иубон раирвæзти Батрадз уынгмæ æмæ ныфтыди Дæллаг Нартмæ. Дæллаг Нарты царди Нарты Бурæфæрныг. Уыдис ын авд фырты. Тынг буц дардта Бурæфæрныг йæ авд фырты: уыдис сын иу уæлдзармæй хорасан худтæ, иу фæсмынæй куырæттæ, иу сæракæй зæнгæйттæ æмæ дзабыртæ. Уыдысты æбуалгъ дæсны фатæй, æмæ Нарты фæсивæды ’хсæн сæ сæрмæ никæй хастой. Хъал æмæ сæ ныфсджын уыд Бурæфæрныг дæр. Уыцы бон дæр та хъазыдысты фатæй. Батрадз сæм фæныкæйдзæгтæй йæхи баласта, бахæлæг сын кодта сæ хъазтмæ æмæ сæм дзуры:

— Фатдзау уын лæууын ардыгæй изæрмæ, æмæ-иу мын иу æхст радтут.

— Æмæ цы бакæндзынæ, æвзæр фæныкгуыз, нæ фæттæ хæссынæн? — зæгъгæ, йæм дзурынц Бурæфæрныджы авд фырты.

— Иу фат дæр дзы зæхмæ не ’руадздзынæн, зæххы кæрæттæм-иу сæ куы фехсат, уæддæр-иу сæ æрхæсдзынæн, æрмæст мын изæрæй иу æхст радтут, — лæгъстæгæнæгау та сæм бадзырдта Батрадз. Сразы сты Бурæфæрныджы фырттæ. Фæйнæрдæм, бæсты кæрæттæм, фехсынц сæ фæттæ. Зæхмæ сын сæ не ’руадзы, афтæмæй сын сæ рауидзы Батрадз æмæ сæм сæ æрбахæссы. Сихорафон сси, афтæ æфсымæрты кæстæр дзуры иннæтæм:

— Ацы фæныкæйдзаг мæгуыр сывæллоны тæригъæд нæ цæмæн хъæуы? Иу æхст ын радтæм, уадз æмæ йæхицæн бацин кæна, — æмæ йæ ауадзæм.

Бакастысты Бурæфæрныджы фырттæ сæ кæстæры коммæ æмæ радтой Батрадзмæ фат æмæ æрдын. Батрадз сæм ракæс-бакæс акодта, стæй дзуры Бурæфæрныджы авд фыртмæ:

— Æз афтæмæй нæ фехсдзынæн, фæлæ авдæй дæр уæ худтæ кæрæдзийы мидæг акæнут æмæ сæ æрæвæрут мысанæн. Кæд сæ акъахон, уæд ма-иу мын ноджы иу æхсты бар радтут.

Бурæфæрныджы хъал фырттæ цы ’нхъæл уыдаиккой фæныкæйдзаг Батрадзæй! Кæрæдзимæ бакастысты, сæ мидбылты бахудтысты æмæ æрæвæрдтой сæ худтæ. Батрадз фæъавыди, æмæ худтæ фæйнæрдæм фаркгай фæтахтысты. Хорзау нал фесты авд æфсымæры, фæлæ та, сæ дзырдмæ гæсгæ, радтой Батрадзæн дыккаг æхсты бар дæр.

— Æрæвæрут ныр та уæ куырæттæ, æмæ сæ кæд нæ акъахон, уæд уын ардыгæй фæстæмæ лæвар хæсдзынæн уæ фæттæ.

Бафæлварæм-ма, зæгъгæ, загътой сæхицæн Бурæфæрныджы фырттæ æмæ æрæвæрдтой сæ куырæттæ дæр. Фæхъавыд та Батрадз, æмæ, — дæ фыдгул афтæ! — гæлæбутау фæтахтысты фæйнæрдæм куырæтты гæппæлтæ. Мæстæй хæлгæйæ райстой Батрадзæй се ’рдын æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй ацыдысты сæхимæ. Батрадз дæр, гомкъах, гомсæрæй, цыма æппындæр ницы кодта, уыйау, æхситгæнгæ араст ис сæ хæдзармæ æмæ сусæгæй бацыд йæ талынг бынатмæ.

Бирæ рацыд, чысыл рацыд, — чи йæ зоны, — афтæ, дын, иубон Бурæфæрныг, афæдзбалцæй кæй æрыздæхт, уый тыххæй куывд кæнын ныффæнд кодта. Иу комæй гал рæгъау æртæрын кодта, иннæ комæй — лыстæг фосы дзуг. Аргæвстой сæ. Æрæмбырд сты Дæллаг Нарты æмæ куывды бадынц, Нæртон куывды, уæдæ цы! Куы фæхордтой, куы фæнуæзтой, уæд Сырдон дзуры фæсивæдмæ, æрдын æмæ фатæй ахъазут, зæгъгæ. Дæллаг Нарты фæсивæд, цы уыдысты, уымæй рацыдысты хъазынмæ. Сæ хъазт йæ тæккæ тынгыл уыд, афтæ та, дын, Уæллаг Нартæй æрæфтыд Батрадз фæныкæйдзæгтæй. Дæллаг Нарты æфсæст фæсивæд æм хъазæгау дзурынц:

— Иу æхст фæкæн ды дæр, лæппу!

Фехста, æмæ йæ фат мысанмæ хаугæ дæр нæ бакодта. Нарты фæсивæд ныххудтысты, уæдæ цы! Уæд сæм Батрадз дзуры:

— Æз ахæм мысан нæ фехсын, фæлæ уæ кæд фæнды, цæмæй фехсон, уый, уæд мысанæн уæ фæттæ æрæвæрут.

Æрæвæрдтой сæ фæттæ. Батрадз фæхъавыди, æмæ Дæллаг Нарты фæсивæды фæттæ лыстæг схъистæй хæрдмæ фæхаудтой, стæй митуарæгау зæхмæ æркалдысты. Мардау фесты Дæллаг Нарты хъал фæсивæд. Батрадз иннæрдæм азылд, зæххыл æрбадти, йæ къухтæ йæ роцъомæ сбыцæу кодта æмæ та æхситтæй базарыд.

Иу лæппу куывды адæммæ бауад æмæ дзуры:

— Æхсæртæггатæй нын иу фæныкæйдзаг лæппу нæ фæсивæды фæттæ лыстæг муртæ ныккодта!

Адæм фестъæлфыдысты. Сырдон та фæразæй ис æмæ рахъæр кодта кæстæртæм:

— Æрбахонут-ма йæ ардæм, кæддæра цы хуызæн у.

Ацыдысты. Хонынц Батрадзы, фæлæ сæм уый фæрсмæ дæр нæ кæсы. Уæд æм æввахс бацыдысты æмæ йыл схæц-схæц кæнынц. Мара-зæгъай, кæд æй сызмæлын кæнын дæр фæразынц!

Баздæхтысты æмæ радзырдтой хъуыддаг. Сырдон та рахъæр кодта:

— Цæут æмæ йын зæгъут: «Ронгагур æрбацыдтæ æмæ рацу — баназ!»

Батрадзæн хъыг куыннæ уыдаид уыцы ныхас, фæлæ йæ маст аныхъуырдта æмæ араст Дæллаг Нарты куывдмæ. Куы бахæццæ ис, уæд æм Сырдон дзуры:

— Æхсæртæггатæ, хонгæ уæ чындæуа, æмæ цæугæ нæ кæнут, ма уæ хуындæуа, æмæ уæд уæ сæрæй дуæрттæ кæнут!

Нал баурæдта ацы хатт йæ маст Батрадз: ракъуырдтытæ кодта, йæ цуры чи лæууыд, уыдоны, æмæ дзы кæмæн йæ цонджы хъул фелвæст, кæмæн — йæ син.

Уæд æм Бурæфæрныг уæле дзуры:

— Кæд ахæм æрдынджын æмæ фатджын дæ, уæд уартæ денджызы был нæ фæсивæды æвзаргæтæ авдæй айк мысанæн дарынц, æмæ уыдонимæ бавзар дæ хъару.

Фæзылди Батрадз æмæ æнæсдзургæйæ араст ис денджызы былмæ. Бахæццæ ис авд лæппумæ, арфæ сын ракодта æмæ сæм дзуры:

— Æз сымахмæ æрцыдтæн, фехъуыстон, айк мысанæн дарут денджызæн йæ иу былæй йе ’ннæ былмæ, зæгъгæ.

Уыцы ныхасмæ йæм лæппутæй иу авæрдта фат æмæ ’рдын. Фехста Батрадз, æмæ фат денджызæн йæ тæккæ астæу ныххауд. Ныххудтысты та йыл уыдон дæр, уæдæ цы!

— Æз афтæмæй нæ фехсын мысан, — зæгъгæ, та сæм дзуры Батрадз, — фæлæ уартæ айкыл судзин ныссадзут, æмæ лæг чи у, уый йæ фехсæд.

Ныссагътой айкыл судзин. Æхсынц Дæллаг Нарты æвзаргæ фæсивæд, фæлæ никуы æмæ ницы. Фехста Батрадз æмæ фат судзины быны ауад.

Айтæ-уыйтæ нал фæкодта Батрадз, фæлæ авды дæр æргъом баст акодта æмæ сæ Дæллаг Нарты Ныхасмæ æрбахаста. Уым сæ æрæппæрста, йæхæдæг азылди, йæ къухтæ йæ чъылдымыл авæрдта æмæ та æхситтæй заргæ араст ис сæхимæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.