Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗЫ РАЙГУЫРД



БАТРАДЗЫ РАЙГУЫРД

Хæмыц йæ усимæ цæрынтæ райдыдта, бон-иу хæфсы цъары бадти ус, æхсæв та-иу рахызти, афтæмæй. Æрхъæцмæ нæ хъæцыд Хæмыц йæ усыл, æмæ кæдæм цыдаид, уырдæм-иу æй йемæ хаста. Уæд, дын, иуахæмы Хæмыц Нарты стыр Ныхасмæ рараст ис æмæ йæ усмæ дзуры:

— Быценон, абон дын Нарты стыр Ныхасмæ æнæ хæсгæ нæй!

Ус ын лæгъстæ кæнын байдыдта:

— Ма мæ ахæсс, кæннод дын мæнæй ницыуал пайда уыдзæн.

Нæй, нæ байхъуыста Хæмыц йæ усмæ æмæ йæ йæ дзыппы цæвæрдта, афтæмæй ацыд Ныхасмæ.

Сырдон рагæй дæр Нартæн фыдбылыз кæм нæ уыди! Хæмыцæн йæ ус йемæ кæй уыд, уый бамбæрста æмæ бавдæлд æмæ фæсивæды йæхиуыл сардыдта, нæмут мæ, зæгъгæ. Фæсивæд дæр æй нæмын райдыдтой. Уæд Сырдон ныхъхъæр кодта:

— Гъæ, уæ хуыздæр амæла, Нарт! — сæ кæстæртæ сæ хистæрты нæмынц, сæ хистæртæ та сæ устыты семæ хæссынц. Кæм бадæм, Нарты зæрæдтæ — ай лæгты Ныхас у, æви устыты Ныхас? Нæ цæсгом фесæфтам, æгъдау нæм нал ис. Кæсут-ма Хæмыцмæ — кæд æрхаста Быценоны йемæ разагъды Нарты стыр Ныхасмæ.

Хæмыц куыннæ рамæсты уыдаид? Фестади æмæ Сырдоны риуæн тымбыл къухæй ахæм сæргъæвта, æмæ йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй аззадысты гæды Сырдонæн. Бауадзыг ис, уæдæ цы, Сырдон, йæ хъæлæсæй туджы къуыбæрттæ дæр скалди.

Сæхимæ æрцыдис мæстæйдзагæй Хæмыц æмæ йæм Быценон дзуры:

— Бæргæ дын загътон, адæммæ мæ ма хæсс, зæгъгæ, æмæ мæм нæ байхъуыстай. Ныр дæхи дæр байсæфтай æмæ мæн дæр: уыцы уайдзæфы фæстæ мæнæн демæ цæрæн нал ис, æмæ бавдæл, æмæ мæ кæцæй æрхастай, уырдæм мæ фæстæмæ фæхæсс.

Цы гæнæн ма уыд Хæмыцæн, æмæ йæ ахаста. Быценты дуармæ куы бахæццæ сты, уæд ын ус зæгъы:

— Æртæ хорздзинады бакæнинаг дын уыдтæн, фæлæ дзы ныр иу сæххæст кæнын йеддæмæ мæ къухы нал бафтдзæн; мæ тæригъæд дæр æмæ дæ тæригъæд дæр фæхæссæд, ацы ми нын чи бакодта, уый. Ныр дын цы зæгъон, уымæ хъус: дæуæй мæнмæ ис нæлгоймаджы гуырдз. Мæхи дзидзийæ куы схъомыл уыдаид, уæд ын дунетыл æмбал нæ разындаид: кард æй нæ карстаид, фат дзы нæ хызтаид. Фæлæ ма цы, гъа! Æрбадар дæ уæнтæ, æмæ дын гуырдз уырдæм ныуулæфон.

Хæмыц нæ разы кодта, дæхæдæг мын куынæуал дæ, уæд ма уымæй дæр цы кæнын, зæгъгæ.

— Нæй мын æй фæхæссæн, — дзуры йæм ус.

Уæд Хæмыц бадардта йæ уæнтæ, æмæ йын сæм Быценон ныуулæфыд. Хæмыцы уæнты астæу февзæрди сынкъ.

— Ацу æмæ-иу æй Сатанайæн радзур, уый дын зæгъдзæн, йæ къæртт кæнын афон кæд уыдзæн, уый, — загъта ус.

Уыйадыл ус сæхимæ ныффардæг ис. Хæмыц дæр уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй раздæхти сæхимæ æмæ Сатанайæн радзырдта йæ хъуыддаг.

Сатана райдыдта бонтæ æмæ мæйтæ нымайын, æмæ афон куы ’рхæццæ ис, уæд акъæртт кодта Хæмыцы сынкъ, æмæ дзы сырх зынгæй рагæпп кодта æрдæгæй уæлæмæ — æндон, уырдыгæй дæлæмæ — болат, ахæм лæппу, æмæ асхъиудта денджызмæ.

Цъæх-цъæхид денджызы дон æгасæй мигъ фестад, арвмæ фæцыд, æмæ денджыз ахуыскъ ис. Фæлæ куы ’руазал ис мигъ, уæд тыгъдызæйæ æруарыд, æмæ та денджыз фæстæмæ айдзаг ис, йæ былтæй фæйнæрдæм акалд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.