Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫ МАРД. ХÆМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ. ХÆМЫЦ УС КУЫД РАКУЫРДТА



СЫРДОНЫ МАРД

Нарты Сырдон куы марди, уæд йæ усæн ныффæдзæхста: «Сæрд мыл мидгъуын кæрц макæд бадар, зымæг мыл тæвд дзул макуы бахæр æмæ уый фæстæ уазал дон макæд бануаз!»

Нартæн дæр загъта, адæмы хъæр кæм хъусон æмæ фосы уасын кæдæм хъуыса, уым мæ ма бавæрут, зæгъгæ.

Сырдон куы амард, уæд йæ ус йæ фыдæнæн мидгъуын кæрц дарын байдыдта, зымæг та-иу тæвд дзул хордта, стæй-иу уазал дон банызта, æмæ йæ дæндæгтæ разгъæлдысты.

Сырдоны мард Нарт фыддæрадæн бавæрдтой Ныхасы, æмæ-иу адæм кæрæдзимæ куы рамæсты сты, уæд-иу сæ иу иннæйы фæлдыста: «Махæй уæдæ, мæнг чи зæгъы, уый мæнæ Сырдонæн бæх уæд!»

Уæд Нарты адæм загътой: «Амæн нын йе ’гасæй йæ мард ноджы диссагдæр куы у æмæ нын фыддæрæн куы фæци; цæй, æмæ йæ скъахæм æмæ йæ фурды баппарæм!» Скъахтой йæ æмæ йæ фурды баппæрстой. Сырдон уыдис Донбеттыры хæрæфырт, æмæ фурды куы бахауд, уæд райгас ис æмæ ссыд Нарты ныхасмæ.

Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!»

ХÆМЫЦ ÆМÆ БАТРАДЗ

ХÆМЫЦ УС КУЫД РАКУЫРДТА

Нартыл фыд стонг аз скодта. Цы бахордтаиккой, уый сын нал уыди. Цуаны хаттысты æмæ сырды фыдæй сæ царды уаг æрвыстой. Хæмыц чи уыди, уый сын райдыдта Бурфæсалæй бур сæгуыттæ хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын райдыдта Хуыскъадагæй хъуыскъ хъуазтæ хæссын. Ууыл дæр сæ нæ ныууагъта, фæлæ сын Сау хохы сæрæй райдыдта хæссын сау зымтæ уæргътæ-уæргътæй.

Уæд та, дын, иубон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не ’рыййæфта, сырды мыггаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры онг. Изæрæй кæсы, æмæ, дын, иу æрдузы цъæх кæрдæгыл хизы сагты дзуг. Се ’хсæн — иу дынджыр урс саг. «Хуыцау мын радта», — зæгъгæ, дын, урс сагмæ ныхъхъавыди Хæмыц. Гъа ныр фехсон, куыд загъта, афтæ кæмттæ ныццарыдтой. Сагтæ фæпырх сты, фæлæ урс саг йæ бынатæй нал сызмæлыд. Дис бафтыд Хæмыцыл: «Мигъ дæр куы никуы ис, уæд арвы цæф дæр куыд уыдзæн?! Æндæр исчи йæ амара, æмæ адæймаг змæлæг дæр куы никуыцæй зыны!» Уалынджы хъæдбынæй иу гыццыл лæппу фæзынди; саджы мардмæ бауади, сæргæвста йæ æмæ йæ стигъы. Йæ иу фарс ын куы астыгъта, уæд Хæмыц хинымæры дзуры: «Додой дæ къона нæ кæны! — иннæ фарсмæ та дын æй чи афæлдахдзæн? Кæд хуыцауы фæнда, уæд сырды мард мæхицæн зайдзæн». Фæлæ кæсы, æмæ лæппу сырды мард гæлæбуйау фæфæлдæхта. «Ай бæллæхы гуырд цыдæр у», — загъта Хæмыц æмæ къæцæлтæ рамбырд кодта, ныццыдис лæппумæ, йæ сырды мардыл ын, цуанонты ’гъдаумæ гæсгæ, къæцæлтæ бакалдта æмæ йæм дзуры:

— Уæ, бирæ дын дæтта хуыцау!

— Кæй нын дæтта, уый нын иумæ дæттæд, — дзуапп ын радта лæппу, йæхæдæг йæ нымæт атымбылтæ кодта æмæ дзуры Хæмыцмæ:

— Бадгæ мæм скæн, хорз уазæг!

— Нæ, фæкæсон дæм, кæннод дын иунæгæй зын уыдзæн, — зæгъы Хæмыц.

— Мæхæдæг цы афснайон, уый хуыцау куы радтид, — загъта лæппу; февнæлдта саджы мардмæ, акой йæ кодта уайтагъд æмæ йæ бæласыл ацауыгъта. Арт андзæрста; фыдты дзæбæхтæй цыппар уæхсты айдзаг кодта æмæ сæ афизонæг кодта. «Æвæццæгæн, ма йын æмбæлттæ ис, уыййеддæмæ уыйбæрц физонджытæ цæмæн кæны?» — хъуыды кæны Хæмыц. Фæлæ дзы лæппу дыууæ Хæмыцы раз æрæвæрдта, дыууæ — йæхи раз. Лæппу уайтагъддæр дыууæ уæхстыдзаг физонджытæ ахордта. Хæмыц иунæг уæхстыдзаг дæр нæ фæци.

— Хæргæ цæуылнæ кæныс? — дзуры лæппу Хæмыцмæ. — Куыд тагъд афсæстæ? — æмæ æртыккаг уæхст дæр йæхимæ æрбайста æмæ уый дæр ахордта.

Стыр дистæ кæны Хæмыц, цы бирæ хæры, зæгъгæ. «Ай хуымæтæджы гуырд нæу», — зæгъы йæхинымæры.

Лæппу фæсхæрд Хæмыцæн уат бакодта лæгæты хуылфы, æмæ Хæмыц бахуыссыд; лæппу йыл нымæт æрæмбæрзта. Æрфынæй ис Хæмыц, уæдæ цы! Лæппу райста сагдзарм; гæрзытæ дзы акодта æмæ дзы райдыдта идæттæ аразын, сахсæнтæ аразын æмæ ехсытæ бийын. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ Хæмыц райхъал ис æмæ фæрсы лæппуйы:

— Куыд бирæ бадыс, цæуылнæ фынæй кæныс?

— Нæй мæнæн фынæй кæнæн, — дзуапп радта лæппу, — цы хъæуæй рацыдтæ, уым дæ куы фæрсой, цуаны кæимæ уыдтæ, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæ? Хъуамæ демæ исты нысангæрзтæ ахæссай.

Бон æрбацъæх ис. Лæппу дзуры Хæмыцмæ:

— Кæрæдзийы куы нæ бафæлварæм, уæд нын æндæр амал нæй.

— Куыд бафæлварæм? — бафарста Хæмыц.

— Цуаны азилæм, — загъта лæппу.

— Азилæм! — зæгъгæ, фæкодта Хæмыц.

Ацыдысты иу стыр коммæ, сырдтæ арæх кæм уыди, ахæм коммæ. Лæппу дзуры:

— Сурæг лæууыс æви комгæс?

— Æз сурæгæн цы бакæндзынæн?! Фæлтау комгæс ныллæудзынæн, — загъта Хæмыц.

Лæппу иу тигъыл ссыди, иннæрдæм æрзылди æмæ уарийы уаст, цæргæсы цъæхахст ныккодта. Кæмдæриддæр сырды мыггаг уыди, — иууыл ныкъкъорд сты æмæ æрлыгъдысты Хæмыцыл. Ницы сарæхст Хæмыц — сырдтæ иууылдæр афардæг сты. Лæппу куы ’рцыди, уæд фæрсы:

— Цы фесты мæ сырдтæ?

— Мæныл æппындæр сырд не ’рцыд, — дзуапп ын радта Хæмыц. Лæппуйæн хъыг куыннæ уыдаид Хæмыцы ныхас, фæлæ ницы загъта.

— Æнцад бад уæдæ, æмæ мæ ныр мæхи бар бауадз, — зæгъгæ, фæкодта лæппу æмæ араст и фæстæмæ. Хъæр нал, фæлæ сырдты цæгъдгæ рацыд. Амардта сæдæ сæдæ æмæ æрдзæ сæдæ сырды. Æрæмбырд сæ кодта æмæ сæ æртæ дихы кæнын байдыдта. Хæмыц дис кæны: «Дыууæ æмбалы йеддæмæ куы нæ стæм, уæд сæ æртæ дихы цæмæн кæны? Æвæццæгæн, йæхицæн дыууæ хайы исынвæнд кæны! Æмæ уый та куыд хъуамæ уа? Ацал-ауал азы фæцардтæн, фæцыдтæн цæуæнты, фæхаттæн хæтæнты, æмæ мыл ахæм æфхæрд куы никуыма æрцыди».

Хæйттæгонд куы фæци лæппу, уæд дзуры Хæмыцмæ:

— Рацу æмæ айс дæ хистæрæггаг.

Хæмыц æрбацыд æмæ айста йæ хистæрæггаг.

Ноджы та йæм дзуры:

— Ныр та æмбалы хай айс!

Хæмыц та æмбалы хай дæр айста.

Уый фæстæ лæппу хæрзбон загъта Хæмыцæн, йæ хай йе ’ккой баппæрста, хуымæллæджы цъупп куыд баппарай, афтæ, æмæ араст ис сæхимæ.

Хæмыц цин куыннæ кодтаид, мæ фæндаг хорз фæци, зæгъгæ. Ныхъхъæр кодта Нартмæ: «Тулæг кæмæ ис, уый тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæ ис, уый бадæнимæ рацæуæд, уыдон кæмæ не сты, уый та — фистæгæй, æмæ ахæссут уæхицæн сырдты мæрдтæ!» Нарт ныххæррæтт кодтой æмæ афснайдтой сырдты мæрдтæ сæхимæ.

Хæмыц чысыл куы ауади сæхирдæм, уæд æрсагъæс кодта: «Ныр мæ Нарт куы фæрсой, де ’мбал чи уыд, зæгъгæ, уæд сын цы зæгъдзынæн?» Фæстæмæ раздæхтис æмæ лæппуйы сурынтæ байдыдта. Лæппу куы ауыдта Хæмыцы, уæд йе ’ргъом æрæвæрдта æмæ æрлæууыди. Æрбаййæфта йæ Хæмыц. Лæппу йæ фæрсы:

— Цы кæныс, цы дæ ферох ис?

Хæмыц зæгъы:

— Ныббар мын, чи дæ, кæмæй дæ, уымæй дæ кæй нæ бафарстон, уый.

— Æз дæн, — зæгъгæ, загъта гыццыл лæг, — Донбеттыртæй равзæргæ, мæ мыггаг — Быцентæй; цæрæм зæххы бын.

— Уæдæ ма дын иу ныхас зæгъын; чысыл уæвгæйæ, ахæм хъаруджын чи у, уыдонæй мæ стæггаг куы уаид, уый мæ фæнды.

— Хорз уаид — мах дæр фæнды, Нартимæ хæстæджиуæг куы кæниккам, уый. Фæлæ хъуыддаг афтæ у: мах стæм кæрзмаст, цыбырхъуыр, лыстæг мыггаг — нæ бæрзæнд у дыууæ уыдисны, нæ уæрх та уымæй къаддæр. Тых æмæ нæ лæджыхъæдæй æвзарын нæ хъæуы. Ис мын иу хо, æмæ дын æй бæргæ радтиккам, фæлæ сымах стут фидисгæнаг; мах та фидисæй рынчын кæнæм, уайдзæфæй — мæлгæ. Тæрсын, йæ бавæрын дæ бон куынæ бауа!

— Дæтгæ мын æй ракæнут, йæ бавæрын — ме ’вджид, — загъта Хæмыц.

— Хорз уæдæ, — сразы ис лæппу, æмæ йын æмгъуыд скодта, уæд-иу нæм фæзын, зæгъгæ.

— Уæд уæм цæугæ та кæдæм бакæндзынæн, кæм цæрут? — бафарста лæппуйы Хæмыц.

— Раст-иу мæ фæд, мæ фæд рацу: æз мæ цирхъ фæрсмæ дардзынæн æмæ саугъæды мидæг хъæууынджы хуызæн кæндзынæн; быдырмæ куы ахизон, уæд та мæ иу къах зæххыл ласдзынæн æмæ ауæдзгæнгæ цæудзынæн суанг мæлдзыджыты губаччы онг. Гъе уым, зæххы бын — нæ хæдзар.

Сæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой. Быцены фырт йæ сырды мæрдтæ айста æмæ йæ хæдзармæ фæдгæнгæ араст и. Хæмыц дæр ссыди Нартмæ æмæ йæ хъуыддаг радзырдта.

Æмгъуыды бон куы ’рхæццæ ис, уæд Хæмыц Нарты хæрзæджыты рамбырд кодта, æмæ араст сты Быцентæм чындзхæссæг. Быцены фыртæн хæрзбон цы ран загъта Хæмыц, уырдæм æрбацыдысты. Уырдыгæй хъæды цагъдыл ацыдысты; быдырмæ куы рахæццæ сты, уæд та — лæппу куыд загъта, афтæ, — ауæдзыл бафтыдысты. Ауæдзыл цæуынтæ байдыдтой æмæ мæлдзыджыты губакмæ бахæццæ сты æмæ уым æрлæууыдысты. Сæ бæхтæй куыд æрхызтысты, афтæ сæм Быценты фæсивæд мæлдзыджыты губаччы бынæй сгæппытæ кодтой, сæ нымæттæ, сæ гæрзтæ сын айстой æмæ сæ зæххы бынмæ ныххастой; уый фæстæ сын дуар сыгом кодтой æмæ сын сæ бæхтæ дæр æмæ сæхи дæр уырдæм ныккодтой.

Хæрд æмæ нозт куыннæ сцæттæ кодтаиккой æмæ сæ уазджытыл куыннæ бацин кодтаиккой Быцентæ!

Сослан къухылхæцæг уыди, æмæ иу афон бар ракуырдта, мæ хойы фенон, зæгъгæ. Рацыдис уатмæ. Уым амæй-ай рæсугъддæр чызджытæ рæнхъ лæууынц. Арфæ сын ракодта Сослан, стæй фæрсы:

— Адонæй мæ хо кæцы у?

— Адонæй ничи у, — зæгъгæ, загътой Сосланæн, — дæ хо уартæ хуысгæ кæны.

— Хъазгæ ма кæнут, — дзуры сæм Сослан, — фæлæ дзы мæ чындз чи у ацы чызджытæй, уый мын зæгъут.

— Мæнæ дæ чындз, — зæгъгæ, — æмæ йæм гобæтты ’хсæнæй хæфс фелвæстой.

Исдугмæ хъазын æнхъæл уыд Сослан, фæлæ йæ куы баууæндын кодтой, сæ чындзыл æцæг хæфсы цъар ис, зæгъгæ, ууыл, уæд æддæмæ рауади æмæ йе ’мбæлттæм хъæрæй дзуры:

— Хæмыц нырмæ дæр æнæ усæй уымæн баззади, æмæ хынджылæггаг уыди; ныр Нарты хæрзæджыты дæр фæхудинаг кодта. Алчи уæ йæ бæхыл сбадæд, æмæ цом нæ хæдзæрттæм!

Нарты чындзхæсджытæ сæхимæ араст сты. Хæмыц баззад се ’ппæты фæстæ. Быцентæ бавдæлдысты æмæ. Йын йæ саргъы къуыдырæй æфтаугæты æхсæн, цæвæрдтой уыцы хæфсы, æмæ афтæмæй æнкъардæй рараст кодта Хæмыц дæр сæхимæ.

Æрхæццæ ис. Йæ бæх бафснайдта, йæ саргъ, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй агъуыстмæ бахаста, къуыммæ йæ баппæрста æмæ мæстæлгъæдæй йæ сынтæджы бафæлдæхт. Куы бафынæй ис Хæмыц, уæд хæфс саргъæй ралæсти æмæ фестадис чызг — арвы рухс, зæххы фидауц, ахæм чызг; йæ дзыккутæ йæ уæхсчытыл æрпырх сты æмæ фадхъултæм хæццæ кодтой; сæ рухсæй агъуыст ныррухс и, цыма йæ цары хур февзæрди, уыйау.

Хæмыц фехъал ис æмæ дзуры чызгмæ:

— Цы зæд, цы дуаг дæ?

— Зæд дæр нæ дæн æмæ дуаг дæр, фæлæ дæн, Быцентæй цы чызджы ракуырдтай, уый. Бон мын хæфсы цъарæй ралæсæн нæй, æхсæв та хæфсы цъары фæлæууæн!

— Уæдæ æрхуысс дæ хуыссæны.

— Æз хуысгæ нæ ныккæндзынæн, — дзуры чызг, — фæлæ-ма равдис, дæ лæппуйæ дæ зæронды бонмæ усгуры дзаумайæ цы барæвдз кодтай æмæ дæм цы ис, уый.

Хæмыц йæ хуыссæнæй фестад æмæ йæ чырыны дуар байгом кодта. Куыннæ разындаид Хæмыцы чырыны хъуымацы дзæбæх æмæ тыны дзæбæх, йæ лæппуйы бонтæй фæстæмæ цы фембырд кодта, уыдон.

Чызг хæсгард райста æмæ кæрдынмæ февнæлдта æмæ æхсæвæй бонмæ, сæдæ лæгæн къахæй къухмæ цыдæриддæр хъæуы фæлыстæй, уый кæрдгæ дæр æмæ хуыйгæ дæр бакодта. Дыккаг æхсæв дæр та афтæ. Дыууæ сæдæ лæджы фæлыст куы сцæттæ кодта, уæд зæгъы Хæмыцæн:

— Ныр бавдæл æмæ сæ Нартæн байуар, сæ хуыздæртæ — чи куыд мæгуырдæр у — афтæмæй; нал уыдзæн, зæгъгæ, уымæй ма тæрс: æз цæмæ бавналон, уымæн сæвидийæн нæй!

Куыд ын загъта чызг, афтæ бакодта Хæмыц. Æмæ дис кодтой Нарт, Хæмыцæн уыцы дарæс кæм уыди, зæгъгæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.