Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТА



ДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТА

Нарты Сырдон иу лæгæй фæхæсджын ис, тын хæсджын. Цыбыркъух лæг уыди Нарты Сырдон. Уыцы цыд æм кодта хæсдæттæг, фæлæ-иу фæстæмæ аздæхт афтидæй. Йæ хæс йæ къухы нал æмæ нал æфтыд. Æдзух ын æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта Сырдон.

Иу æмгъуыдмæ та хæсдæттæг фæзынд Сырдоны хæдзармæ.

— Йе, Сырдон, уым нæ дæ?

— Сырдон ам нæй, — радзырдтой хæдзарæй.

— Кæм ис?

— Дæлæ хъæугæрон догъгъæрæг къахы.

Хæсдæттæг араст ис хъæугæронмæ.

— Байрйай, Сырдон!

— Æгас æрцу!

— Сырдон, мæ тын мын! Бирæ æмгъуыдтæ, бирæ æфсæнттæ мын фæкодтай. Бафидын афон у ныр, цæсгом дæр дзы хъæуы.

— У, дæ хорзæхæй, мауал дзур, нæ уыныс, æз дæр мæнæ дæ кой кæй кæнын, уый?

— Сырдон, уый та уæд куыд мæ кой у? Кæсын дæм, æмæ догъгъæрæг куы къахыс!

— Куыд æнæмбаргæ фæдæ! Догъгъæрæг скъахдзынæн, дон æм рауадздзынæн, йæ былтыл ын сындз ныссадздзынæн. Фос, хохмæ цæугæйæ, хæхтæй здæхгæйæ, сындзытыл сæхи хафдзысты, сæ хъуын сындзыл баззайдзæн; Уыцы къуымбил æз æрæмбырд кæндзынæн, тын бауафдзынæн æмæ дын дæ хæс бафиддзынæн.

— Ха-ха-ха, — зæгъгæ, хæсдæттæг ныххудт йæ дзыхы дзаг.

— Цæуылнæ худай, — загъта Сырдон, — дæ тын дæ къух ссардта!

Уыйадыл хæсдæттæг йæ къух ауыгъта æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид!

Сырдон ма абон дæр сындз садзы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.