Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОН УÆЙГУЫТЫ КУЫД ФÆСАЙДТА



СЫРДОН УÆЙГУЫТЫ КУЫД ФÆСАЙДТА

Иубон Нарт Сырдоны сусæгæй ацыдысты хæтæны.

Сырдон рацыди уынгмæ æмæ сывæллæтты фæрсы:

— Уæдæ Нарт кæм сты, куы ничи сæ зыны æддæмæ?

Уæд æм иу лæппу бацыд æмæ йæм дзуры:

— Мæн-иу ма схъæр кæн, фæлæ Нарт дæ сусæгæй хæтæны ацыдысты.

Сырдон йæ хæдзармæ бацыди, йæхи арæвдз кодта æмæ араст ис сæ фæдыл. Иу-æртæ боны куы фæцыди, уæд сау хъæды æрæнцад æмæ уым бонасадæн кодта. Кæсы, æмæ æрдузы æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц. Сырдон йæхи сæ цурты цæуæг акодта æмæ сæм дзуры:

— Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у!

Уæйгуытæ йæм дзурынц:

— Мах кæнæм уаргæ æмæ нæ фидауæм.

— Зæгъут-ма мын, уагæры цы уарут? Кæд уæ æз бафидауын кæнин.

Уæйгуытæ йын зæгъынц:

— Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн. Æрчъиагмæ ис ахæм миниуæг, æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда, уырдæм дæ бахæццæ кæндзæн. Фынджы та нымæтын ехсæй куы ’рцæвай, уæд хæрд æмæ нозтæй айдзаг вæййы. Бæндæнæй та æнæхъæн хор-хос куы сбæттай, уæд дæр дын уæз нæ кæндзысты.

Уæд сын Сырдон зæгъы:

— Уæдæ кæд мæнмæ хъусут, уæд уæ æз бафидауын кæндзынæн. Æз фехсдзынæн сымахæн уæ фæттæ æртæрдæм, æмæ мæм йæ фат тагъддæр чи ’рхæсса, уымæн фыццаг бар, уый фæстагæн — дыккаг бар, æртыккагæн та — фæстаг бар.

Уæйгуытæ сразы сты. Сырдон дæр сын сæ фæттæ æртæрдæм фехста æмæ сын загъта:

— Уайгæут ныр!

Уæйгуытæ дæр фæцагайдтой фæттæ агурæг уыцы иуырдæм, кæрæдзийы сæрты схъиудтытæгæнгæ, кæд æмæ сæ фæттæ алы рæтты уыдысты, уæддæр.

Уæд дын Сырдон æрчъиагыл фынг авæрдта, райста йæ къухмæ бæндæн æмæ сбадти æрчъиагыл, йæхæдæг æм дзуры, æрчъиагмæ:

— Уæдæ мæ гъеныр нæ уæлхæдзар фестын кæ!

Уыцы ныхасмæ Сырдон йæ уæлхæдзар фестади.

Сырдон Нарты æрхуыдта æмæ сæ иннабонæй-иннабонмæ хорз федта йæ фынджы фæрцы.

Уыцы бонæй фæстæмæ Нарт нал цыдысты балцы æнæ Сырдон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.