Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆНДЫР КУЫД ФÆЗЫНДИ



ФÆНДЫР КУЫД ФÆЗЫНДИ

Нарт иумæйаг æмбырддон хæдзар арæзтой æмæ йыл фæцархайдтой афæдзæй-афæдзмæ, цæмæй йæм Сырдон фау ма ’рхастаид, уый тыххæй. Уæд сцæттæ ис хæдзар, æмæ загътой:

— Ныр фенын кæнæм нæ хæдзар Сырдонæн, кæддæра ма йæм исты фау хæссы æви нæ?

Арвыстой, дын, Сырдонмæ Сосланы.

Сослан æм ныццыди æмæ йын загъта:

— Нарты æмбырды дæм дзурынц.

Уæд ын Сырдон загъта:

— Ацæудзынæн!..

Æмæ араст сты иумæ. Æмæ бацыдысты Нарты иумæйаг хæдзармæ. Нарт се ’ппæт дæр уым уыдысты æмæ загътой Сырдонæн:

— Нæ хæдзар дæ зæрдæмæ цæуы æви ма йæм исты фау ис?

Сырдон фæракæс-бакæс кодта хæдзары къуымты.

— Хорз у, фæлæ ма... — зæгъгæ, загъта Сырдон æмæ сыстад æмæ рацыди.

Уæд æй Сослан фæсте расырдта æмæ йæ фæрсы:

— Сырдон, кæдæм лидзыс, куы ницы нын загътай?

— Æмæ уын цы зæгъон? — дзуры Сырдон.

— «Фæлæ ма...», — зæгъгæ, цæмæн загътай?

— Хæдзар хорз у, фæлæ дзы астæуæй ницы ис, æмæ гъе уымæн. Ацыдис Сырдон, æндæр ницыуал загъта, афтæмæй. Раздæхти Сослан дæр фæстæмæ æмæ æмбырды радзырдта:

— Сырдон бафаудта хæдзар, астæуæй дзы ницы ис, зæгъгæ.

Уæд сæхимидæг хъуыды кæнын байдыдтой Нарт, уый цæмæй зæгъы Сырдон, зæгъгæ, æмæ сын Сослан загъта:

— Уый уымæй зæгъы, æмæ хæдзары нæй рæхыс.

Нарт, дын, уæд саразын кодтой стыр рæхыс æмæ йæ, куыд вæййы, афтæ æрцауыгътой хæдзары астæу æмæ та загътой:

— Æрбахонын та хъæуы Сырдоны.

Æмæ та арвыстой Сырдонмæ æмæ та йæ æрбахуыдтой. Æрбацыд та Сырдон Нарты æмбырддон хæдзармæ, æмæ йæ фæрсынц Нарт:

— Сырдон, фен æмæ зæгъ, хæдзармæ ма цы фау ис, уый.

Сырдон та фæракæс-бакæс кодта дзæвгар.

— Хорз у, фæлæ ма... — зæгъгæ, та загъта Сырдон æмæ та рацыди. Йæ фæдыл та рахызти Хæмыц æмæ йæ бафарста:

— Сырдон, хæдзар хорз куы схуыдтай, уæд ма «фæлæ ма...», — зæгъгæ, та цæмæн загътай?

— Хæдзар хорз у, фæлæ Хурыскæсæны ’рдыгæй къуымы ницы ис æмæ «фæлæ ма» уый тыххæй загътон, — дзуапп радта Сырдон.

Араст та ис Сырдон сæхимæ. Хæмыц фæстæмæ баздæхти бадты адæммæ æмæ сын раныхас кодта:

— Фауы та Сырдон ноджыдæр хæдзары, Хурыскæсæны ’рдыгæй къуымы ницы ис, зæгъгæ.

Уæд та Нарт хъуыды кæнын байдыдтой, уый цæмæй зæгъы, зæгъгæ, æмæ ’рхъуыды кодтой:

— Сырдон хæдзар фауы уый тыххæй, æмæ хæдзары къуымы сылгоймаг нæй.

Уæд æрхуыдтой сылгоймаг æмæ, ног чындз куыд уа, афтæ йæ сарæзтой æмæ йæ æрлæууын кодтой къуымы æмæ та загътой:

— Фæстаг хатт ма фæцæуын хъæуы Сырдонмæ!

Фæлæ йæм ничиуалгомау комы.

Уæд Хæмыц загъта:

— Æз æм цæуын, мæ бар ма йæ уадзут — æз æй тыхæй дæр ракæндзынæн.

Æмæ Хæмыц араст ис Сырдонмæ æмæ ныццыди йæ дуармæ æмæ йæм дзуры мидæмæ:

— Æддæмæ-ма ракæс, Сырдон!

Сырдон æм нæ кæсы æддæмæ. Æрæджиау æм ракасти æмæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, цы дæ хъæуы, Хæмыц?

— Нарты æмбырд дæм дзурынц сæ иумæйаг ног хæдзармæ, æмæ рацу!

Уæд ын Сырдон загъта:

— Хæрд æмæ нозтыл куы фæбадут, уæд мæм-иу цæуылнæ фæдзурут? Æз нал ацæудзынæн, — æмæ фæстæмæ хæдзары ’рдæм фæзылди. Хæмыц æй рацахста æмæ йæм дзуры:

— Æнæ рацæугæ дын гæнæн нæй.

Сырдон нæ комы. Уæд æй Хæмыц рацæфтæ кодта, куыд æмбæлди, афтæ.

Сырдон дæр уæд тынг мæстджынæй ацыди Хæмыцы фæстæ Нарты ног хæдзармæ. Куы бацыди, уæд хæдзары фæракæс-бакæс кодта æмæ загъта:

— Гъенырмæ хæдзар нæ уыди, ныр хæдзар у.

Нарт дæр ныццин кодтой, фау кæй нал разынди хæдзармæ, уый тыххæй.

Сырдон раздæхт фæстæмæ, фæлæ тынг мæсты уыди, Хæмыц æй кæй бафхæрдта, уый тыххæй. Уыцы мастдзинад бавæрдта йæ зæрдæйы. Æмæ хъуыды кодта, цы маст ын скæнон, зæгъгæ, ууыл. Уæд, дын, Хæмыцмæ уыди, авд азы хуыскъ чи уыд, ахæм хъуг, æмæ хæлди фырнæрдæй. Цыдысты йæм уынынмæ алы рæттæй. Сырдон ныффæнд кодта йæ радавын, æмæ иу æхсæв куы уыдис, уæд бацыди, хъуг баст кæм уыди, уырдæм, скъæтмæ, æмæ дуарæн бакæнынæн ницы амал ссардта. Фæстæмæ раздæхти æмæ хъуыды кæнын байдыдта, цы йын саразон, къухы цы ’гъдауæй бафта хъуг, зæгъгæ. Уæд иубон бавдæлди æмæ бамбæхсти Хæмыцы скъæты. Изæры фос куы ’рцыдысты, уæд Хæмыц йæ фос бакодта скъæты æмæ сыл фидар сæхгæдта дуæрттæ. Сырдон дæр — мидæгæй. Фынæй афон Сырдон мидæгæй æвдузæнтæ æфтауын байдыдта. Уайтагъддæр сæ раппæрста. Бакодта дуар, раласта хъуджы æмæ йæ аскъæрдта, хидыхъус ын цы хæдзар уыдис, уырдæм. Сырдонæн уыцы хæдзар кæм уыд, уый ничи зыдта. Йæ бинонтæ цардысты уым. Хъæугæрон ма йын уыд хæдзар, йæхæдæг та уым царди. Аргæвста уыцы ран хъуджы æмæ гъæйттæй йæ бинонтимæ минас кодта.

Хæмыц зилын байдыдта хи хъæуæй, æддагон хъæуæй — алы ран, йæ сæр йæ кой скодта йæ хъуджы фæдыл, фæлæ ницы ардта. Тъæпп хаудта мæстæй.

«Цы ма бакæнон? — загъта Хæмыц. — Фæцæуон ма къулыбадæг усмæ æмæ уый бафæрсон». Къулыбадæг усмæ бацыди æмæ йын загъта:

— Ахæм æмæ мыл ахæм ми сæмбæлди. Агурын мæ хъуджы æмæ никуы ницы арын. Ныр мæнæ æрцыдтæн дæумæ фæрсынмæ æмæ мын исты бацамон.

Уæд ын къулыбадæг ус загъта:

— Нырмæ дæр куы ’рцыдаис, уæд дын бацамыдтаин дæ хъугдавæгмæ фæндаг. Сырдонæн ис кæмдæр зæххы бын хæдзар, æз дæр æй нæ зонын, æмæ йæ хъæуы ссарын. Уым ын ис ус æмæ зæнæг дæр, æмæ дæ хъуджы уым агур.

— Æмæ йын цы ’гъдауæй ис ссарæн? — бафарста Хæмыц къулыбадæг усы.

— Райсомæй раджы йæ гадза куыдз рацæуы æддæмæ, æмæ йæ бахъахъхъæн. Гадза ахст цæмæй æрцæуа, уый бакæн. Æмæ йын йæ къахыл бабæтт уырдæндах. Нæ дын комдзæн уый йæ хæдзармæ, æмæ йын мæлæты ’мбис цæфтæ фæкæн, æмæ уæд цæудзæн, æмæ ды дæр йæ фæдыл цу — уый дæ бахæццæ кæндзæн Сырдоны хæдзармæ.

Уæд хъахъхъæнын байдыдта Хæмыц Сырдоны куыдзы, æмæ иу райсом куы уыди, уæд æй æрцахста æмæ йын йæ къахыл бабаста даргъ уырдæндах æмæ йæ ныдздзæхстытæ ласта, фæлæ куыдз хæдзары ’рдæм нæ цæуы, дыууæрдæм ралидз-балидз кæны, æндæр. Хæмыц дæр æй нæмы, уæдæ цы! Куы сфæлмæцыд куыдз, мæлæты ’мбис æй куы фæкодта Хæмыц, уæд уыциу раст акодта æмæ хидыхъус смидæг ис, Сырдоны зæххы бын хæдзары, уырдæндах йæ фæдыл халгæйæ уагъта, афтæмæй. Хæмыц дæр йæ фæдыл, æндах куыд амыдта, афтæ бацыдис Сырдоны хæдзармæ. Сырдон уым нæ уыд. Сырдоны бинонтæ фæтарстысты, ай та цавæр бæллæх у, цæмæй нæ ссардта, зæгъгæ. Аг дзидзайæ йе дзаг, æмæ фыцы. Хæмыц систа хъуджы дзидзатæ, йæхæдæг хæдзары дуæрттæ фидар æрæхгæдта, аргæвста бинонты æмæ сæ суæнгтæ кодта иууылдæр æмæ сæ аджы ныккалдта æмæ сыл ахъаззаг бандзæрста. Йæхæдæг йе ’ккой скодта, йæ хъуджы мардæй ма цы баззад, уый æмæ йæ рахаста сæхимæ. Уый фæстæ бацыд Нарты Ныхасмæ. Сырдоны дæр уым баййæфта, фæлæ йын ницыма загъта. Сырдон Хæмыцы куы федта, уæд ныххудт æмæ афтæ зæгъы:

— Тæригъæд нæу Хæмыц, исчи йын йе стыр хъуджы фыдтæ хæра, йæхæдæг та стонгæй бада!

— Чи зоны, мæ хъуджы бахæрæг йæ хъæбулты фыдтæ бахæра, — зæгъгæ, бакодта Хæмыц.

Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта, цыдæр фыдбылыз мыл æрцыди, зæгъгæ, æмæ æнæдзургæйæ йæхи фæзылдта æмæ йæ хæдзармæ фæраст ис. Хæдзары фæмидæг ис, ракæс-бакæс кæны æмæ йæ бинонтæй никæй ары.

«Аходæнæй сихормæйы бинонтæ! Цымæ кæдæм фæцыдысты?» — дзуры йæхинымæры Сырдон. Фыдисыл йæхи ныццавта, фыдтæ асгарон, зæгъгæ, аг сыстыдта, æмæ дзы скалдысты йæ бинонты уæнгтæ: кæмæн йæ сæр, кæмæн йæ къах, кæмæн йæ цонг.

Исдугмæ сæццæйæ аззад; уый фæстæ йæ бинонты стæгдар агæй систа æмæ йæ хистæр фырты цонджы стджытæй фæндыр сарæзта, иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны, æрбадти йæ хъæбулты стæгдары цур æмæ цæгъдын байдыдта:

«Мæ лæппутæ, мæнæн уын мæ бон хæрнæг кæнын нæ бауыдзæн, фæлæ мын уæ иу хуынди Къонагæ. Къонагæ, марды фæлдисинагæй къонайыл цы бавæрой, уымæй ды рухсы бад!»

Стæй та ныццæгъды æмæ зæгъы:

«Ме ’ннæ лæппу — Уæрагæ, марды фæлдисинагæй уæрагыл цы ’рывæрой, уымæй ды рухсы бад!»

Стæй та ныццæгъды:

«Ме ’ртыккаг лæппу — Фуагæ, марды фæлдисинагæй фу цæуыл бакæной, уымæй ды рухсы бад!»

Йæ фæсдуар уæрм уыди — стæгдар уым ныккалдта. Йæхæдæг йæ фæндыр райста æмæ рацыд Нартмæ. Ныхасы йæ ныццагъта æмæ йемæ ныззарыд:

— Нарт, ай уын мæ лæвар, æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут!

Нарт загътой: «Ай хуызæн хæзна нæ къухы куы бафта, уæд нæ ацы лæг цы баджиз дардзæн?!»

Уырызмæг æм радзуры:

— Кæд нын уый хуызæн хæзна дæ цæст уарзы, уæд негасæн — æфсымæр иумæйагæй; нæ алы ныхасы дын бар уæд хъусынæн, нæ хæдзæрттæм дын фæндаг уæд æфсымæрау.

Нарт уыцы фæндыр райстой æмæ кæрæдзийæн загътой: «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!»



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.