Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ



УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ

Иуахæмы Уырызмæг уыдис балцы. Уыцы рæстæджы-иу Æртæ Нарты фæсивæд æрæмбырд сты Нарты Ныхасы æмæ-иу сæхимидæг тæрхон кæнын байдыдтой, хуыздæр сæм чи у, ууыл. «Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи уыдзæнис?» — алы бон дæр-иу сæм æрцыдис ахæм ныхас. Фæлæ нæ фидыдтой: æппын чи ницæмæн бæззыдис, уый дæр-иу загъта: «Æз уæ хуыздæр дæн!»

Куы нæ æмæ куы нæ фидыдтой, уæд сын Сатана загъта:

— Уæртæ Къармæгонмæ бацæут, зæронд ус у, æмæ йæ бафæрсут: уый уын раиртасдзæнис уæ хуыздæры æмæ уæ фыддæры.

Фæцыдысты Къармæгонмæ æмæ йæ ’рбахуыдтой Ныхасмæ.

— Къармæгон, иу хъуыддагæй дæ фæрсдзыстæм, æмæ нын æй раст зæгъ, — загътой Нарты фæсивæд.

— Уæ хуыцауы тыххæй, ныууадзут мæ, Нарты хъалтæ! Æз цы зонын? — загъта Къармæгон.

— Нæ дæ ныууадздзыстæм, цалынмæ нын зæгъай, Нарты æхсæн лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?

Къармæгон сыл йæ цæст ахаста æмæ загъта:

— Хорз адæм стут, тыхджын адæм стут, уæ къухы бафтæд хорздзинæдтæ, фæлæ уæм кæсын, æмæ уæ хуыздæртæ ам не сты.

— Чи сты, уæддæр, нæ хуыздæртæ, уый нын зæгъ! — ныллæууыдысты Нарты фæсивæд.

— Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана, — загъта сын Къармæгон, куынæуал æмæ йæ куынæуал уагътой, уæд.

Зæронд усы сæ быны ракодтой Нарты хъалтæ — æххæсгæ йæм чи кодта, уыдон æй нæмгæ кодтой, чи йæм не ’ххæсти, уыдон та зæхх надтой, афтæмæй йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.

Йæ дыккаг бон Уырызмæг æрцыди йæ балцæй, æмæ йын Сатана хъаст кæны:

— Знон Æртæ Нарты фæсивæд Къармæгоны æрбахуыдтой æмæ йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.

Уырызмæг мæстæйдзагæй араст ис æмæ бацыдис Къармæгонмæ. Фæрсы Къармæгоны:

— Цы кодтай, Къармæгон?

— Фыдбон сæ хай фæуæд Нарты хъалтæн! — загъта йын Къармæгон. — Ам мæм знон æрбацыдысты, бахуыдтой мæ Ныхасмæ æмæ мæ фæрсынц: «Нарты хъæуы лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?» Æз сын загътон: «Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана». Уыдон мæ сæ быны ракодтой æмæ мæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.

Æрбаздæхтис Уырызмæг йæ хæдзармæ. Дыккаг бон райсомæй раджы фестадис, фæдзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта:

— Цæугæ æмæ ныхъхъæр кæн Æртæ Нартыл, æз Сау хохыл фос федтон, æмæ лæг чи у, уый рацæуæд мемæ фос кæнынмæ, фæстаг бон афтæ куыд ничи зæгъа, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ.

Ныхъхъæр кодта фидиуæг дæр Æртæ Нартыл:

— Уырызмæг Сау хохыл фос федта æмæ лæг чи у, уый рацæуæд йемæ фос кæнынмæ, чи нæ рацæуа, уыдонæй-иу афтæ мачи зæгъæд, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ!

Араст сты Æртæ Нарты фæсивæд, Уырызмæг сæ разæй, афтæмæй Сау хохмæ фос фæкæнынмæ. Къармæгон æхсæвы æртæ мыдамæсты ракодта æмæ скуывта: «Хуыцæутты хуыцау, ме сфæлдисон хуыцау, залты мит æмæ ’нусы цъити кæм ныууары æмæ уыцы Нарты хъалтæн сæ лæг хуыздæр кæм рабæрæг вæййы!»

Æхсæв-бонмæ уарын байдыдта. Ныууарыди ахæм мит, æмæ æппындæр акæсæн нал уыди. Нарты адæм сæ цыды кой кæнынц уæддæр. Урс денджызы былтыл сæ ахуыдта Уырызмæг, Сау денджызы былтыл сæ уæлæмæ схуыдта, æмæ сæ ничи схæццæ ис Сау хохмæ: фæндæгтыл баззадысты æмæ ма тыхтæй-фыдтæй сæ хæдзæрттæ ссардтой.

Иунæгæй ссыд Уырызмæг Сау хохы рæбынмæ. Уырдыгæй скаст уæлæмæ æмæ суыдта хохыл стыр фосы дзуг. Ссыди фосмæ; кæсы, æмæ семæ иунæг цæу, æндæр сын никуыдæр гæс, никуыдæр бынат бæрæг. Фосæй дæр уыдысты æнахуыр фос: фыстæ — уæнгуыты йæстæ, цæу та — раст теуайы йас.

«Адонæй мæхицæн иу далыс æхсæвæрæн куы ныргæвдин», — загъта Уырызмæг йæхицæн, фæлæбурдта æмæ иу далысы къахыл фæхæст и. Далыс æй йæ фæдыл фæралас-балас кодта, йæ былтæ йын дуртыл фæхоста, фæлæ йын уæддæр аирвæзти.

«Цæй, гæнæн нæй, — загъта Уырызмæг, — цæуон сæ фæдыл, искуы кæд уаид сæ бынат».

Æризæр и. Фос рацыдысты, стыр цæу сæ разæй, афтæмæй; Уырызмæг дæр цæуы сæ фæстæ. Уалынмæ кæсы, æмæ иу стыр лæгæтмæ бацыдысты. Уый дæр сæ фæстæ бацыдис лæгæтмæ. Куыддæр фос фæмидæгæй сты æмæ æрæнцадысты, афтæ Сохъхъыр Уæйыг, æхситтытæгæнгæ, йæ уæхскыл къала бæлас, афтæмæй æрбацыди. Бæлас зæххыл ныццавта, æмæ, цырагъæн æгæр ставд, æндзарæнтæн та æгæр лыстæг, ахæм пырх ныццис. Уырызмæг Уæйыджы куы ауыдта, уæд бæргæ фæтарстис, фæлæ ма йын цы гæнæн уыдис! Йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йæм дзуры:

— Де ’зæр хорз!

— Æгас цу, хæххон дзигло! — дзуапп ын радта Уæйыг. — Цы хуыцау дæ æрхаста ардæм?

— Хæтæг лæг дæн æмæ ардæм æрбафтыдтæн, — загъта Уырызмæг.

Уæйыг иу стыр къæй лæгæты дуарыл æрбафæлдæхта, йæхæдæг арт скодта. Стæй къахахсæн райста, равнæлдта дзы æмæ иу фыс рацахста. Фысы æрбаргæвста, раст дыууæ ’мбисы йæ акодта æмæ йæ афтæмæй уæларт аджы бафтыдта. Цалынмæ уый фыхтис, уæдмæ Уæйыг йæхи арты фарсмæ уæлгоммæ ауагъта, æмæ йæ хуыр-хуыр ссыдис — афынæй ис. Уырызмæг бады. Æхсæвæр куы сцæттæ ис, уæд та райхъал ис Уæйыг, сыстадис æмæ аг райста уæлартæй æмæ фысæн йæ иу æрдæг йæхицæн æрæвæрдта, иннæ ’рдæг Уырызмæгæн, æмæ йæм дзуры:

— Ахæр, уазæг!

Бахордтой æхсæвæр, уæдæ цы, æмæ йын Уырызмæг арфæ ракодта.

Райсомæй раджы Уæйыг лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, йæхæдæг дуарыл хæлиу ныллæууыд æмæ дзуры цæумæ:

— Бодзо, аскъæр фос, дзæбæх сæ фæхиз æмæ сæ изæры бæрæгæй æрыскъæр.

Фос йæ сагæхты ’хсæнты рауагъта, сæ разæй дынджыр цæу, афтæмæй, æмæ сæ банымадта. Иууылдæр куы феддæдуар сты, уæд йæхæдæг дæр рацыдис æмæ та къæй фæстæмæ лæгæты дуарыл бафæлдæхта. Уырызмæг мидæгæй баззадис; бон-изæрмæ фæцархайдта къæй рафæлдахыныл, фæлæ йын змæлын дæр нæ бакуымдта.

Куы баизæр ис, уæд Уæйыг йæ фосимæ ’рбацыди, лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, фос мидæмæ бауагъта æмæ та къæй дуарыл æрбафæлдæхта.

— Уазæг иу æхсæв уазæг вæййы, — дзуры Уæйыг Уырызмæгмæ. — Ахсæв æхсæвæр кæнын дæу бар у, æмæ нын æхсæвæр куыд скæнай, афтæ!

— Æмæ дын цæмæй скæнон æхсæвæр, куы ницы мæм ис, уæд? — загъта Уырызмæг.

— Уæдæ мæхæдæг скæндзынæн æхсæвæр, — загъта Уæйыг æмæ райста хæд-зилгæ дыкъухыг уæхст, Уырызмæгæн æй цæрдудæй йæ дыууæ уæраджы стъыста æмæ йæ арты фарсмæ æрсагъта; йæхæдæг, — цалынмæ уый физонæг кæна, уæдмæ аулæфон, зæгъгæ, — йæхи уæлгоммæ ауагъта, æмæ уайтагъддæр йæ хуыр-хуыр ссыдис. Уырызмæг дæр уый куы базыдта, Уæйыг афынæй ис, зæгъгæ, уæд йæ къах тъæрмæ фæбыцæу кодта, йæ къухтæй та уæларт рæхысыл фæхæст ис, афтæмæй æрдæгарыдтытæй йæхи тыхтæй-амæлттæй уæхстæй рафтыдта. Стæй уæхст сырх зынг скодта æмæ йæ афтæмæй фынæй Уæйыджы дзæбæх цæсты ацавта.

Ныййах кодта Уæйыг, фестадис æмæ Уырызмæджы агуры. Уырызмæг дæр йæ разы кæм бадтаид! Уайтагъд фосы астæу смидæг ис æмæ уым йæхи æрæмбæхста. Уæйыг дæр æй кæм тызмæгæй, кæм лæгъзæй йæхимæ сайы, фæлæ йын æппындæр ком нæ дæтты Уырызмæг.

Ахсынмæ дæр æй бæргæ рахъавы куырм Уæйыг, фæлæ йыл нæ хæст кæны. Куы бафæлладис, уæд æрæнцад æмæ лæгъзæй дзуры Уырызмæгмæ:

— Ныр мæнæн уæддæр цард фенæн нал ис. Фæлæ мæ тых æмæ мæ амонд сты мæнæ ацы къухдарæны, æмæ йæ дæ къухыл куы бакæнай, уæд дæу фæуыдзысты, — æмæ аппæрста къухдарæн зæхмæ.

Уырызмæг дæр цингæнгæ къухдарæн зæххæй куы фелвасид æмæ йæ йе ’нгуылдзыл куы бакæнид! Къухдарæн «мæнæ и! мæнæ и!» кæнын байдыдта. Уæйыг дæр багæпп кодта æмæ Уырызмæджы — иуырдæм сургæ, иннæрдæм сургæ; уый дæр йæ разæй лæгæты къуымты ралидз-балидз кæны. Къухдарæн уæддæр «мæнæ и! мæнæ и!» кæны.

Куыд хуыцау хорзгæнæг, афтæ Уырызмæгæн йæ разы фæцис фæрæт. Фелвæста Уырызмæг фæрæт, йе ’нгуылдз къуыдырыл авæрдта æмæ йæ фæрæтæй æркъуырдта, — дæ фыдгул афтæ, — æнгуылдз йæ рæбыныл атæхын кодта, йæхæдæг та лидзынмæ фæци.

Æнгуылдзыл та уæддæр къухдарæн «мæнæ и! мæнæ и!» кæны, æппындæр не ’нцайы. Уæйыг æнгуылдзмæ бауадис, фæлæбурдта æмæ къуыдырыл фæхæст ис æмæ йæ фæнык фестын кодта, стæй фелвæста æнгуылдз æмæ йæ фырмæстæй æд къухдарæн аныхъуырдта.

Йæ бон куы базыдта, уæд ныссабыр ис Уæйыг æмæ дзуры Уырызмæгмæ:

— Додой мын дæ сæр кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ, мæ сагæхты ’хсæнты дæ нæ хъæудзæнис æддæмæ цæуын?!

Байдыдта хъуыды кæнын Уырызмæг, уæдæ цы амалæй аирвæзон ацы фыдбылызæй, зæгъгæ, æмæ та йын æрхъуыды кодта хиндзинад.

Уæйыг куы ныффынæй ис, уæд Уырызмæг Бодзо-цæуы æрбаргæвста æмæ йæ мæхæлыстыгъд акодта, йæ сыкъатæ дæр ын йæ цармыл ныууагъта, афтæмæй.

Сæумæрайсом цæудзарм йæ уæлæ æркодта. Уæйыг дæр та фос хизынмæ уадзын афон лæгæты дуар байгом кодта, хæлиу та ныллæууыди дуарыл æмæ дзуры цæумæ:

— Рацу, Бодзо, дæ фæхъхъау фæуон, аскъæр та хизынмæ дæ фос æмæ та сæ изæры, афоныл, фæстæмæ бæрæгæй æрыскъæр!

Уырызмæг дæр цæудзармы мидæг фосы разæй рараст ис. Уæйыгмæ куы рахæццæ ис, уæд йæ сыкъатæ фæхъил кодта; Уæйыг дæр æй уырзæй бæргæ æрысгæрста, фæлæ йæ нæ базыдта, афтæмæй Уæйыджы сагæхты ’хсæнты феддæдуар ис Уырызмæг. Иннæ фос дæр Уырызмæджы фæдыл кæрæдзийы фæстæ рарæгъ сты, æмæ сæ банымадта Уæйыг. Фос иууылдæр куы феддæдуар сты, уæд Уырызмæг цæудзарм аппæрста æмæ фæстæмæ Уæйыгмæ бадзырдта:

— Гъеныр уым «Бодзо! Бодзо!» кæн, куырм хæрæг! Ацы фосæй ды цы ницыуал фенай, де ’ннæ фæллойæ дæр æндæр мацыуал фен!

Куырм Уæйыг дæр ма бæргæ рагæпп кодта, фæлæ йæ фырмæстæй, лæгæты раз был ис, уый нал ахъуыды кодта; асхъиудта уырдыгæй æмæ ныххæррæгъ ис.

Уырызмæг Уæйыджы фосы дзуг йæ разæй ракодта æмæ йæ æртардта Нарты стыр хъæумæ; æрхæццæ ис йæ хæдзармæ йæ фосы кондимæ. Фæсидтис фидиуæгмæ æмæ йæ ныхъхъæр кæнын кодта, уыцы бон Уырызмæгимæ чи рацыдис, уыдон райсом æрæмбырд уæнт, æмæ фосы конд байуарæм, зæгъгæ. Æрбахонын кодта Къармæгоны дæр.

Сæумæрайсом æрæмбырд сты Нарты адæм æмæ фос уарын байдыдтой. Уырызмæг дзы иу хай уæлдай скодта. Кæрæдзимæ бакастысты Нарт, ацы уæлдай хай ма кæмæн у, зæгъгæ.

Исын байдыдтой хæйттæ. Иу хай ма дзы баззади уæлдай, æмæ Уырызмæг дзуры Къармæгонмæ:

— Мæнæ дæуæн дæр хай, Къармæгон, кæй дæ бафхæрдтой, уый тыххæй!

Къармæгон дæр райста хай æмæ, уæдæ адонæн мацы зæгъон, зæгъгæ, дзуры:

— Гъеныр уын нæ загътон, уæ хуыздæр Уырызмæг у, зæгъгæ!

Басастысты Нарты хъал фæсивæд дæр, Уырызмæг æцæг сæ хуыздæр кæй у, ууыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.